Дзæуджыхъæ уы 13-æм скъолайы уыд Калоты Хазбийы мысæн изæр
Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ ирон литерæтурæйы зæрингуыдтæй цы 100 аддæмаджы ацыд, уыдоны 'хсæн уыд Калоты Хазби дæр. Ацы аз ын бæрæг кæнынц йæ 100 азы юбилей. Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдисы хъæппæрисæй йын Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы ацыд номарæн мадзал. Бацархайдтой дзы фысджыты Цæдисы уæнгтæ, ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ. Алчидæр дзы бæлвырд радзырдта, Калоты Хазби ирон литерæтурæйы цы арф фæд ныууагъта, уый тыххæй. Цæгат Ирыстоны фыссджыты цæдисы куыст иу уысммæ дæр не`нцайы. Ӕдзух архайынц ирон литерæтурæйы рæзтыл. Уый фæдыл аразынц фембæлдтытæ, не 'хсæн чи нæ уал ис, фæлæ ирон аив дзырды арф фæд чи ныууагъта, уыцы фыссджытæн номарæн мадзæлттæ саразынц. Фыдыбæстæйы стыр хæстмæ ирон литерæтурæйы зæрингуыдтæй ацыд 100 адæймагæй фылдæр. Уыдоны 'хсæн Калоты Хазби дæр. Ацы аз ын бæрæг кæнынц йæ 100 азы юбилей. Фыссджыты хъуыдмæ гæсгæ, Калоты Хазби цæрдхЬуагӕй нæ ахицæн, зӕгЬгӕ, уæд йæ къухы бирæ бафтыдаид. Уымæ гæсгæ йын Дзæуджыхъæуы 13 скъолайы сарæзтой номарæн мадзал. Калоты Хазбийæн йе сфæлдыстад бирæвæрсыг у — фыста æмдзæвгæтæ, прозæйæ фыст æмдзæвгæтæ, æрдæгфыстæй баззадысты йæ драмæтæ. Цгъойты Хазбийы хъуыдымæ гæсгæ, Калоты Хазби ирон поэзийы цы суадон ракъахта æмæ байгом кодта, уымæн æнусты дӕргЬы байсысæн нал ис, йæ сатæг донæй сæтдзæн фæлтæрты дойны, йæ рæстаг хъуыды, æргом фæлгонцджын ныхас сыл ныфсы, бæллицты æмæ тырнындзинæдты базыртæ садздзæн. Хазби стъалыйау царды судзгæ ацыд… Йæхæдæг нал ис, фæлæ нæ мынæг кæны йӕ рухс ном, агайы адæмы зонд, æнкъарæнджындæр сын кæны сæ зæрдæтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv