Фæсивæдон форум

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

8 лет назад

Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты Уæрæсейы алы регионты фæсивæды минæвæрттæ. Архайдтой «Дунейы адæмы» форумы. Нæ республикæйы цæуы дыккаг хатт. Программæ рауад алывæрсыг æмæ цымыдисаг. Йæ архайджытæн сарæзтой экскурситæ æмæ дæсныйад æвдисæг ахуыртæ. Симин Мохамад Хасан Ирыстоны фыццаг хатт ис. «Дунейы Адæм»-ы форумы бацархаййынмæ Пятигорскæй ссыд. Нæ республикæйы цы федта, уый йæ дисы бафтыдта. Чызджы ныхæстæм гæсгæ, раздæр форумы архайын нæ фæнд кодта. Мохамад Хасан Симин: «Раст куы зæгъон, уæд мæ цыд æнæнхъæлæджы рауад. Æвиппайды сразы дæн.  Фæлæ тынгу хорз афтæ кæй рауад, уый. Дызæрдыг бæргæ кодтон, фæлæ кæй æрцыдтæн. ууыл фæсмон нæ кæнын. Цы федтон уымæй тынг разыйæ баззадтæн. Бирæ къамтæ систам. Ирыстон æгæрон уарзтæй бауарзтон. Æппæт æнкъарæнтæ равдисын зын у». Æдæппæтæй 70 архайæджы. Се хсæн æрыгон журналисттæ, блогертæ, къамисджытæ æмæ сфæлдыстадон куыст чи кæны, ахæм фæсивæд. Æмбырды архайджыты акодтой Куырттаты коммæ, уый фæстæ бабæрæг кодтой Барбашовы фæз. Мемориалон комплексыл экскурси цымыдисаг рауад. Студенттæн фадат уыд æмбал кæмæн нæй. Ахæм экспонаттæ фенын. Форумыл бæстонæй бакуыстой. «Дунейы адæм»-ы республикон фонды минæвæртты хъæппæрисæй арæзт уыд дыккаг хатт. Баххуыс сын кодтой нæ республикæйы сæргълæууæг æмæ Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады кусджытæ. Дыууæ азмæ форум апарахат. Ацы аз нæ республикæмæ ссыдысты 30 регионы минæвæрттæ: Калининградæй - Ханты-Мансийскмæ. 3 бонмæ йæ архайджытæ фендзысты республикæйы алæмæты æрдз, базонгæ сæ кæндзысты Цæгат Ирыстоны культурæимæ. Форум фæнд кæнынц æрвылазон скæнын, йæ архайджытæ та ноджы фылдæр куыд уой. Ахæм хуызы Уæрæсейы алы нациты æрыгон минæвæртты бастдзинад кæндзæн фидардæр æмæ æнгомдæр. Се хсæн хæлардзинады ахастдзинадæн та форум ахадгæ у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Фæсивæдон форум

Категория:

Новости и СМИ