Прокурорты цæстдард
Прокуратурæимæ фембæлд цæмæ цæуы?! Кантышевы змис æмæ хуыркъахæны рабæрæг, Цæгат Ирыстонмæ электрон тыхдæттæг телтæ ацы фæзуатыл кæй цæуынц,уый. Сæ цæджындзтæй цалдæр ам сты. Домæнтæм гæсгæ, сæм 30 метрæй хæстæгдæр кусæн нæй. Экскаватортæ та сын сæ бын ракъахтой. Цæмæй тæссаг у уавæр, куыстуаты архайд домæнтæн дзуапп дæтты æви нæ? Уыцы фарстатæ базоныныл бакуыста не сфæлдыстадон къорд. Уæззау техникæ æмæ машинæтæ Кантышевы змис æмæ хуыркъахæны æнæрынцойæ кусынц. Йæ фæзуат уæрæхдæр кæны куыд дæргъмæ, афтæ уæрхмæ дæр. Мæнæ ацы электрон тыхдæттæг телтæ та цæуынц Цæгат Ирыстонмæ. Сæ цæджындзтæй цалдæр сты къахæнты фæзуатыл. 30 метрæй хæстæгдæр цæджындзтæм кусæн нæй. Фæлæ бæрæг дары, экскаватортæ сын сæ бын куыд ракъахтой, уый. Дарддæр цы `рцæудзæн, ууыл бирæ хъуыды кæнын нæ нæ хъæуы. Куыстытæ кæны компани "Карьер+". Йæ директор Гæбæраты Зойæ йæ рæдыдыл сæтты. Фæлæ куыд зæгъы, афтæмæй дзы йæ размæ дæр уавæр хуыздæр нæ уыд. Гæбæраты Зойæ, компани «Карьер»-ы директор: «Фылдæр мæ азым хæссынц уæртæ уыцы фарсы тыххæй. Егъау цæджындзтæ-иу дзы сцæнд кодтам. Фæлæ дзы-иу мæ размæ дæр хуыздæр нæ уыд. Егъау фæзуæттæ дзы чидæр сфæйлыдта, аххос та мæныл баззад». Электрон тыхдæттæг системæйы кусджытæ аралло кæнынц. Цæджындзтæй иуæй-иутæ телтæн сæхиуыл ауыгъдæй баззадысты. Гыццыл исты, æмæ æнæхъæн республикæ куырмæджыты аззайдзæн. Ацы телтæ куы `ркæлой, уæд Цæгат Ирыстон æмæ Мæхъæл æнæ электрон тыххæй аззайдзысты. Уый зонгæйæ, ацы ран прокуратурæ æмæ æрдзхъахъхъæнджытимæ бирæ хæттыты уыдыстæм. Горæтгæрон районы прокуроры æххуысгæнæг Беройты Тимуры ныхæстæм гæсгæ, ацы ран æппынæдзух уыдис закъонхæлдтытæ. прокуратура: Куыстуаты разамонæджы ныхмæ байгом кодтам административон хъуыддаг. Йæ ивары бæрц хæццæ кæны 500 мин соммæ. Æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрады сарæзтой кусæг къорд. Хъуыддаг кæмæ хауы, уыдоны минæвæрттæй дзы алчидæр ис. Сæ сæргъы - æрдзон æвæрæнтæй пайда кæныны хайады разамонæг Дауиаты Мæдинæ. Ныр хъуамæ иу хатдзæгмæ `рцæуой, дарддæр цы гæнгæ у, уый фæдыл. мин-природы: Къахæнты директор хъуамæ дзырд радта Севкавказэнергойæн, фыдбылызæй бахизыны куыстытæй алцыдæр кæй бакодта, уый фæдыл. Ахæм хæс ыл æвæрд ис 1-æм декабрмæ. Уыцы `мгъуыдмæ дзы цалцæджы куыстытæ йеддæмæ æндæртæ кæнæн нæй. Змис æмæ хуыр ласыны барлæвæрд уал урæд æрцæудзæн. Кæд сын ацы ран бантыса телты цæджындзтæ æркæлынæй бахъахъхъæнын, уæд хорз. Фæлæ сыхаг рæтты цы гæнгæ у, уый сæ сæр нæ ахсы. Уавæр дзы у, кæй федтат, уый халдих. Фæлæ дзы азымы кæй бадарой, уый зын зæгъæн у - къахæн куыстытæ закъоны бындурыл чи кæны, ахæм компанитæн дзы сæ кой дæр нæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Прокурорты цæстдард
Категория:
Новости и СМИ