Æмсæр, æмбар
Алы сывæллон дæр иннæмæй хицæн кæны. Уæлдай æндæрхуызон сты, аутизмæй хъыгдард чи у, уыдон. Ахæм сывæллæттæм фæхъæуы уæлдай фылдæр фæкаст. Иннæтæй сæ иппæрд куы нæ кæнай, уæд фæстейы нæ баззайдзыст. Ахæм у специалистты хъуыды. Æнæниз æмæ аутизмæй рынчын сывæллæттæ иумæ кæм ахуыр кæнынц, ахæм кълæстæ кусынц Цæгат Ирыстоны дæр. Æнтыстджынæй æви нæ, уый та базондзыстæм нæ дарддæры æрмæгæй. Ахиллесыл 10 азы йеддæмæ нæ цæуы, фæлæ англисагау цыфæнды хистæрæй дæр хуыздæр дзуры. Йæ уæгъд рæстæджы йемæ фæкусынц йæ репетитор, ома фидгæ цы ахуыргæнæгæн кæнынц, ахæм, æмæ йæ мад. Ацы аз лæппу бацæудзæн 3-æм къласмæ. Хуымæтæгмæ нæ. Ахилесс рынчын у аутизмæй. Марина Зафириду: «Фыццаг æй куы базыдтам, уæд ныл, цыма, фыцгæ дон бакалдтой, афтæ фестæм. Низы тыххæй куы ницы зонай, уæд афтæ вæййы. Кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон хабар нæу уый. Тынг зын у æрмæст мадæн нæ, фæлæ бинонтæн дæр. Фæлæ адæймаг, хъыг кæнын ницы пайда у, ницы дзы сараздзынæ, уый бамбары. Цæрын хъæуы дарддæр. Адæймагæй рауайы йæ сывæллонæн æххуысгæнæг. Афтæ - йæхицæн дæр». Марина Зафиридуйы цард бындуронæй фæфæлдæхт. Йæ дæсныйад аивта æмæ йæ цард снывонд кодта йæ сывæллонæн. Ныртæккæ Маринæ у ахуыргæнæг. Сывæллоны, аутизмæй рынчынтæ кæм ахуыр кæнынц, ахæм къласмæ нæ радта, фæлæ хуымæтæгмæ. Марина Зафириду: «Сарæзтам-иу хæларзæрдæйы, æмбарынады, быхсынады урочытæ, æндæр ахæм иумæйаг мадзæлттæ. Скъолайы-иу цы мадзæлттæ уыдис, уыдон-иу иумæ бабæрæг кодтам. Мæнмæ гæсгæ, мах бакодтам хорз æмæ раст хъуыддаг, хатдзæгтæ дæр уый тыххæй афтæ хорз рауадысты». Æнæниз æмæ аутизмæй рынчын сывæллæттæ иумæ кæм ахуыр кæнынц, ахæм программæ кусын райдыдта 3 азы размæ Дзæуджыхъæуы 1-æм скъолайы. Фæлæ Алайнаг гимназ куы байгом, уæдæй фæстæмæ программæйы куыст фæдызæрдыккаг. Хъуыддагыл бакуыста республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрад. Программæ æнæхъæнæй ахастой 27-æм скъоламæ. Ацы аз ма сентябры проект кусын райдайдзæн 26-æм скъолайы дæр. Галинæ Джимиты, Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы директор: «Махæн ацы хæс ног фæлварæн у. Ахæм сывæллæттимæ никуы куыстам. Фæлæ бацархайдзыстæм алы хъæугæ фадæттæ дæр саразыныл. Нæ ахуыргæнджытæ сæхи цæттæ кæнынц ахæм сывæллæттимæ фембæлдмæ, семæ кусынмæ. Сараздзыстæм сын семинартæ æмæ лекцитæ. Иудзырдæй, сывæллæттæн сæ ахуырады æппынæдзух сæ фарсмæ уыдзыстæм æмæ сын æххуыс кæндзыстæм». Æртыккаг азы кæронмæ специалисттæ бафиппайдтой, аутизмæй хъыгдард сывæллæттæ дзæвгар кæй фæарæхстджындæр сты. Уый та тынгдæр уый тыххæй, æмæ се `нæниз æмгæрттимæ æмархайд кæй кодтой. Æртæ азмæ скъоламæ бахызт 6 ахæм сывæллоны. Сæ алкæмæ дæр дзы каст хибар хъомылгæнæг - тьютор. Альбинæ Дзестелты, РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министрады консультант: «Рæстæг домы афтæ. Cе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сывæллæтты æхсæнадæй иуварсгæнæн нæй. Хъуамæ æхсæнады цæрын зоной. Ныртæккæ алцыдæр аразынц инвалидтæ æмæ се `нæниздзинад исты хъыгдард кæмæн æййафы, уыцы сывæллæтты хуыздæр цардæн. Цæмæй сæ сывæллоны скъоламæ радтой, уый тыххæй ныййарджыты хъæуы сæ сабийы психологон-медикон къамисæн равдисын». Кор. Ацы хъуыддаджы стырдæр цæлхдур æхцайы фæрæзтæ не сты. Сагъæссаг у, æмбæлгæ специалисттæ фаг кæй нæй, уый. Экспертты ныхæстæм гæсгæ, инклюзивон ахуырад хуымæтæг ахуырад нæу. Ахæм сывæллæттæн свæййы сæ фидæны бындур. Уымæ гæсгæ йæм былысчъил æмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсæн нæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æмсæр, æмбар
Категория:
Новости и СМИ