Радон балц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз уыд радон кусæг балцы. Ацы хат премьер фембæлд Æрыдоны районы муниципалон скоды сæргълæууджытимæ. Сæрмагонд æмбырыды æрдзырдтой 2018 азы хатдзæгтыл. Фылдæр æргом аздæхтой районы социалон-экономикон райрæзты фарстатæм. Ивгъуыд аз хъалонты нымæц бюджеты сырæзтысты 30% бæрц, 2019 азы фыццаг кварталы та бюджетыл бафтыд 37 милуан сомы. Уымæй уæлдай ма дзырдтой Æрыдоны районы цæрджытæн кусыты бынæтты фарстайыл. Республикæйы куыстдæттыны комитеты сæрдар Платы Альбинæ куыд бафиппайдта афтæмæй районы фыдæбон кæнын кæй фæнды уыцы адæмæн кусты бынæттæ фаг кæнынц. 2018 азы комитеты руаджы куыст ссардтой 58 адæймаджы. Тускъаты Таймураз куыд зæгъта, афтæмæй хъæуты куыст кæмæн нæй ахæм адæм бирæ ис, хъæуы сæм фæкæсын. Хъæууон хæдзарады фыдæбон кæнын цæрджытæй кæй фæнды, уыдонæн фехъусын кæнын хъæуы паддзахад сын цæмæй баххуыс кæндзæн уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Радон балц

Категория:

Новости и СМИ