Фыццаг къахдзæф
Фыццаг профессионалон ирон лигæ «IRON LEGION TROPHY» аразы къуххæстæй турнир. 11 ноябры «Манеж»-ы спорты галуаны ныхæй-ныхмæ фембæлдзысты Цæгат Ирыстонæй æмæ фæсарæнтæй богæлттæ. Сæ тыхтæ æвзардзысты, бæлвырд æгъдаумæ гæсгæ кæм нæ хæцынц, спорты ахæм хуызы. 11 тохы фæстæ сбæрæг кæндзысты уæлахиздзауты. Æртæ спортсмены райсдзысты сæрмагонд титултæ. Тренировкæтыл сæ фæндаг ракодтой не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ дæр. Тохы размæ уал хъæуы хиуыл бакусын. Растдæр зæгъгæйæ, рахид кæнын æмæ уæз, цасмæ хъæуы, уыйбæрцмæ `ркæнын. Фаг рог нæ дæ, зæгъгæ, уæд спортсмены ерыстæм нæ бауаддзысты. Æмбæлгæ уæз хъæуы цыбыр рæстæгмæ сбæлвырд кæнын. Уæд ын турниры архайынæн бар ратдзысты. Спортсментæн сæ фæллад суадзынæн рæстæг уыдзæн тохы хæдразмæ. Ерысты уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты 7 кубокæй æмæ æртæ ронæй. Иуæндæс тохæй æртæ уыдзысты титул райсыныл. Йæхи фæлвардзæн Хъæрджынты Махарбег дæр. Ерыстæм сæхи бацæттæ кæнынæн лæппутæн æххуыс кæны республикæйы къуххæсты федераци. Йæ президент Тыбылты Ибрагим куыд хъуыды кæны, афтæмæй цæгатирыстойнаг богæлтты рагæй хъæуы æппæтдунеон æмвæзадмæ рацæуын. Ацы турнир уымæн уыдзæн фыццаг къахдзæф. Ибрагим канд тренер нæу. Йæ тыхтæ йæхæдæг дæр бафæлвардзæн октагоны. «Ирон легион» у, бæлвырд уагмæ гæсгæ кæм нæ хæцынц, уыцы спорты фыццаг лигæ Цæгат Ирыстоны. Фæзынд афæдзы размæ. Цæгат Кавказы ахæм къордтæ ис Дагестаны - «Fight Nights, Цæцæны республикæйы «АKHMAT» æмæ «АСВ». «IRON LEGION»-ы амидингæнджыты ныхæстæм гæсгæ, сæ проект фæсивæдæн ныридæгæн у цымыдисаг. Фæнды сæ уым æмæ сæ номæй хæцын. Турнир кæд фыццаг хатт арæзт цæуы уæддæр ныридæгæн ссис æппæтадæмон. Ирон спортсментимæ сæ курдиат равдисдзысты Украинæ, Казахстан æмæ Код-д`Ивуары богæлттæ. Ныртæккæ уал алы тренировкæ дæр цæуы дыууæ сахаты. Спортсментæ сæхиуыл нæ ауæрдынц, кусынц æнувыдæй. Турнир хи цæстæй фенæн уыдзæн ацы хуыцаубоны спорты галуан «Манеж»-ы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фыццаг къахдзæф
Категория:
Новости и СМИ