Социалон кусæг Хуадонты Эльвирæйы бæрны ис Дзæуджыхъæуы 13 цæрæджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

127 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Социалон кусæг Хуадонты Эльвирæйы бæрны ис Дзæуджыхъæуы 13 цæрæджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

127 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

127 просмотров

3 года назад

Фæлмæн цæстæнгас æмæ мидбылхудтимæ Хуадонты Эльвирæйыл сæмбæлынц хистæр кары адæм. Ныр æртæ азæй фылдæр у социалон кусæг. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ куыст бирæ уарзы. Сæйрагдæрыл нымайы адæмæн æххуыс æмæ лаггад кæнын. Æмæ дзы уыдон дæр сты бузынг. Хуадонты Эльвирæмæ æхсызгонæй фенхъæлмæ кæсынц. Алы ран дæр æй уарзынц раст хи бинойнагау. Сылгоймаджы бæрны ис 13 адæймаджы. Се 'ппæтмæ дæр къуыри æрбацæуы дыууæ-æртæ хатты. Бакæны алы хуызы лæггад. Эльвирæ ацы куыстыл æртæ азы размæ фæхæст. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй фыццæгты йæ ныфс нæ хаста, фæлæ йе 'мкусджытæ йæ фарсмæ балæууыдысты, цы адæмæн лæггад кæны, уыдон æй бауарзтой æмæ йæхиуыл фæхæцыд. Ацы къабазы чи кусы, уыдон хъуамæ уой адæмуарзон, æмбарой искæй рис – æнæ уымæй адæймагæн баххуыс кæнæн нæй. Ды куы уарзай, уæд дæм, æнæмæнг, ракæсдзысты хорз цæстæй. Эльвирæ раст фæндагыл кæй æрлæууыд, ууыл дзурæг сты, кæмæ кæсы, уыдоны æхсызгон æнкъарæнтæ. Уыдонæн сси æцæг хæлар, кæцы бахъуаджы заман сæ фарсмæ балæудзæн, байхъусдзæн сæм æмæ сын баххуыс кæндзæн. Эльвирæ куыд зæгъы, афтæмæй ацы дæсныйад ныууадзын фæнд нæ кæны. Йæхи амондджын хоны адæмæн йæ бон баххуыс кæнын кæй у, уымæй. Дарддæр дæр лæвар кæндзæн йæ зæрдæйы хъарм æмæ хъару.

, чтобы оставлять комментарии