Фæлварæны хуызы
Уæрæсейы лифтытыл æмæ сæ гæрзтыл, гæнæн ис, æмæ фæзына сæрмагонд нысæнттæ. Ахæм куыст фæлварæны хуызы саразын фæнд кæны Уæрæсейы промышленность æмæ базарады министрад. Проект сфидар кæндзысты националон нысангæнæн оператортимæ. Ацы хъуыддаг фадат ратдзæн, закъонмæ гæсгæ домæнтæн дзуапп чи нæ дæтты, ахæм продукцийы нымæц фæкъаддæр кæнынæн. Уымæй уæлдай ма лифтытæ уыдзысты хæрзхъæддæр. Уæдæ се сцалгæг кæныны хъуыддагмæ дæр уыдзæн фылдæр цæстдард. Ацы хæсыл бакусыны уынаффæ рахаста нæ бæстæйы хицауады сæрдар Дмитрий Медведев. Гæнæн ис, æмæ бындурон цалцæджы компанитæ сæрмагонд заводтæй комкоммæ сæхицæй лифтытæ æлхæной. Фæлæ Уæрæсейы арæзтады министрады куыд фæнысан кодтой, афтæмæй лифтытыл сæрмагонд нысантæ æвæрыны хъуыддаг бæлвырд нырма нæу. Фыццаджыдæр, сбæрæг кæнын хъæуы ацы проекттыл æхцайы фæрæзтæ йæ пайдайæ фылдæр бахардз кæндзысты æви нæ, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæлварæны хуызы
Категория:
Новости и СМИ