Горæтгæрон районы дондзæуæн хæтæлтæ рацараздзысты
Горæтгæрон районы дондзæуæн хæтæлтæ рацараздзысты. Уыцы хъуыддагæн 2021-æм азы рахай кæндзысты 427 милуан сомы. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег. Доны хæтæлты рацарæзтæн Хъæдгæронæн рахай кæндзысты 177 милуан æмæ 200 мин сомы, Джызæлæн - 94 милуан æмæ 100 мин сомы, Уæллаг Санибайы арæзтадон куыстыты аргъ сыстдзæн 46 милуан æмæ 200 мин сомы, Дæллаг Санибайы - 43 милуан æмæ 600 мин сомы, Ногирæн - 63 милуан æмæ 700 мин сомы. Бындурон цалцæджы куыстытæ æххæст кæнынц сæрмагонд паддзахадон программæйы фæлгæты. Йæ райрæзтыл кусдзысты 2020-æй 2025-æм азмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Горæтгæрон районы дондзæуæн хæтæлтæ рацараздзысты
Категория:
Новости и СМИ