Кады номыл
Электроцинчы зынгсивæрзт хуыссынгæнæг Александр Ермаков йæ амæлæты фæстæ хорзæхджынгонд æрцыд "Ирыстоны намысы" майданæй. Абон Битарты Вячеслав фембæлд йæ бинойнаг Еленæ Ермаковаимæ. Ракодта йын тæфæрфæс. Бафиппайдта, Александр Ермаков йæхи хъæбатырæй кæй равдыста, уый. Зæрдæ йын бавæрдта, Цæгат Ирыстоны хицауад æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады разамонджытæ хъæбатыры бинонты æххуысцухæй кæй нæ ныууаддзысты, уымæй. Республикæйы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Александр Ермаков фæкуыста 14 азы. 38 азы йыл цыд. Йе `мкусджытæ йæ зыдтой, куыд зæрдæхæлар, æнæхин æмæ `гъдауджын адæймагæй. Александр Ермаковæн баззад дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Кады номыл
Категория:
Новости и СМИ