Хуыздæрты æмрæнхъ
Социалон фæдзæхстады фонды проекттæ хуыздæр кæм æххæст кæнынц, уыцы хыгъды Цæгат Ирыстон ахсы раззагдæр бынæттæй иу. Уый тыххæй Битарты Вячеславæн фехъусын кодта социалон фæдзæхстады регионалон хайады сæргълæууæг Айларты Зæлинæ. Республикæйы сæргълæууæгимæ æрдзырдтой цалдæр федералон программæйы тыххæй. Се*хсæн программæтæ «Прямые выплаты», «Электронный больничный лист» æмæ «Электронная цифровая подпись». 2018 азы нæ республикæйы сфидар кодтой 42 мин рынчын уæвыны сыфтæ. Республикæйы цæрджытæй йæхи чи бафæдзæхста æмæ паддзахадон æххуысмæ чи æнхъæлмæ кæсы, уыдонæн æххуыс кæнынц проект "Прямые выплаты" руаджы. 1-æм июлæй фонды кусджытæ æрвылбон сæ цæст дарын райдыдтой, цæмæй æмбæлгæ æххуыс адæммæ афойнадыл хæццæ кæна. Айларты Зæлинæйы ныхæстæм гæсгæ, сæ сæйраг хæс у льготæтæ цы адæм исынц, уыдоны бартæ бахъахъхъæнын _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуыздæрты æмрæнхъ
Категория:
Новости и СМИ