Базарадон хызæг «Лента» Дзæуджыхъæуы фæнд кæны егъау дукани байгом кæнын
Базарадон хызæг «Лента» Дзæуджыхъæуы фæнд кæны егъау дукани байгом кæнын. Республикæ æмæ хъуыстгонд уæрæсейаг компанийы æмгуыстадыл ныхас цыд Сергей Меняйло æмæ куыстуаты разамынды минæвæрттимæ кусæг фембæлды рæстæг. Æнæххæст бæрнондзинадимæ æхсæнад «Лента»-йы райрæзты æмæ арæзтады директор Максим Вахтин куыд фехъусын кодта, афтæмæй бæстæйы алы регионты сæ дуканиты нымæц у 250-йæ фылдæр. Цæгат Ирыстоны сæ объект байгом кæнын рагæй фæндыд, фæнд кæнынц республикæмæ инвестицитæ баххæсын. Сергей Меняйло куыд радзырдта, афтæмæй республикæ цæттæ у инвесторæн баххуыс кæнынмæ. Компанийы минæвæрттæ куыд радзырдтой, афтæмæй гипермаркеты фенæн уыдзæн бынæттон продукци. Уый нымайынц сæйрагдæр æууæлыл. Сергей Меняйло бабар кодта, цæмæй «Лента»-йы разамынд бæстонæй бакуса бынæттон амалхъом адæмы товартæн егъау дуканийы тæрхæджытыл бынат ссарыныл. Проектыл бæстон æрдзырды фæстæ компани æмæ республикæ баффысдзысты инвестицион бардзырд.