Радон балц
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз кусæг балцы уыд республикæйы районты. Бæрæг кодта, социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объектты арæзтад. Дзæуджыхъæуы дæр бабæрæг кодта цалдæр бæстыхайы. Пъланмæ гæсгæ цæуынц куыстытæ, æви нæ, уый базыдта нæ уацхæссæг дæр. Дæттæм ын ныхасы бар. 10 корпусæй 4 цæттæ. Аразджытæ архайынц æртæ къордæй. Кусынц радыгай, кæрæдзийы ивгæйæ. Ныртæккæ цæуынц мидæггаг куыстытæ. Афæдзы кæронмæ объект хъуамæ уа цæттæ. Тарниз дзæбæхгæнæн диспансер арæзт цæуы пъланмæ гæсгæ. Чи сцæттæ ис уыцы корпустæм тагъд рæстæджы баласдзысты хъæугæ кусæнгæрзтæ. Арæзтадон куыстытæй зæрдæ бæргæ райы, фæлæ Южныйы поселоччы цæрджытæ сагъæсы бацыдысты. Диспансер куы срæвдз уа, уæд хауæццæгтæ кæдæм цæуынц, уыцы хæтæлтæ куы атоной уымæй тæрсынц. Фæлæ дзы аразджыты ныхæстæм гæсгæ зæрдæ æхсаинагæй ницы ис. Артур Цховребов, главный инженер ООО "Спецтепломонтаж": «Аразын райдыдтам нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты ахæм сыгъдæггæнæн хæтæлтæ. Кусдзысты гидрохлориды фæрцы. Уымæ гæсгæ канд хауæццæгтæ сыгъдæггонд нæ цæудзысты, фæлæ ма къæвдайы доны лæсæнтæ дæр». Дзæуджыхъæу. Ацæргæ адæмы хæдзар «Узæлд». Арæзтадон куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Нырыккон домæнтæн дзуапп дæттынц. Ныридæгæн арæзтадон куыстытыл бахардз кодтой 100 милуан сомы. Æхцайы фæрæзтæ радих кодтой хицауады уæнгтæ æмæ пенсионный фонд. Рацарæзты пъланмæ гæсгæ интернатæн ног мебель балхæнын хца нæ уыд . Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз бабар кодта ацы фарста алыг кæнынæн æхцайы фæрæзтæ ссарын. Дарддæр - Национ музей. Равдыстыты бынаты æмæ фонды æвæрæн бынæтты арæзтадон куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Тагъд экспонаттæ музеймæ æрбаласдзысты. Фыццæгæм уæладзыджы ныридæгæн равдыстытæ аразынц. Алан Никитин: «Фыццаг уæладзыджы залты фæзуат у 600 квадратон метры. Дыккаг уæладзыджы дæр афтæ. Арæзтадон куыстытæ ам кæронмæ фесты. Æртыккаг уæладзыджы та уыдзæн административон бæстыхæйттæ, уымæй уæлдай аразæм хицæн блок дæр. Проектмæ гæсгæ уым уыдзæн кафетерий». Дзæуджыхъæуы ветеринарон лаборатори Цæгат Кавказы нымад у æппæты рагондæрыл. Йæ сæйраг нысан у тæссаг низтæ рабæрæг кæнын. Хæрынмæ бæзгæ хойрæгтæн сæ хæрзхъæддзинад сбæрæг кæнын. Джызæлы та спортивон фæз байгом. Дыууæ ног футболæй хъазæн бфнаты. Ацы спорты хуыз уарзджытæн ног трибунæтæ. Тæхынæн фæндæгтæ, нырыккон тренажертæ. Ацы спортивон фæзмæ хъæуы фæсивæд бирæ рæстæг æнхъæлмæ кастысты. Амалхъом адæмæн æххуысы программæйы ис дыууæ объекты - компани СИГМА æмæ туристон комплексы арæзтад. Куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. 4 стъалыйы нысаниуæг кæмæн уыдзæн уыцы фысымуат дæр фæрæвдз кæны. 2019 азы фæнд кæнынц къахдзоныгътæн фæндаг саразын. Цæгат Ирыстоны йын æмбал нæ уыдзæн. Компани СИГМА та хъæбынты æмæ къалбастæ уадзæн куыстуат. Æхцайы фæрæзтæн се `рдæг радих кодтой федералон бюджетæй. Объект байгом кæндзысты 15 декабры. Ног куысты бынæттæ дзы уыдзæн -50. Æнæнизхъахъхæныны ахсджиаг объекттæй иу - Алагиры районы рынчындон. Хицауады сæрдар йæ фæндаг акодта Црауы дыргъдæттæм дæр. Кусæг балцæй разыйæ баззад. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Радон балц
Категория:
Новости и СМИ