Хурхæтæны мæйы 26 бон - наркотиктимæ тох кæныны бон
Абон у наркотиктимæ тох кæныны бон. Дзæуджыхъæуы фæлладуадзæн парчы уый фæдыл сывæллæттæн сарæзтой спортивон хъæзтытæ. Сæ амидингæнджытæ рæзгæ фæлтæры зонгæ кодтой, наркотиктæ, тамако æмæ хъæбæр нозты адæймаджы æнæниздзинадæн цы зиан хæссынц, уыимæ. Хистæртæ бакуыстой ууыл, цæмæй мадзалы сывæллæттæ зæрдиагæй бацархайой. Æрхъуыды сын кодтой цымыдисаг хæслæвæрдтæ, тагъд бакæнын кæй хъуыд, ахæм эстафетæтæ. Спортивон хъæзтытæ сывæллæтты разæнгард кодтой æнæниз цардыуагмæ, хъæлдзæг зæрдæйы ахастмæ. Зæгъдзыстæм ма уый, æмæ мадзалы архайдтой бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынцух бинонты минæвæрттæ, стæй йе `нæниздзинад цауд кæмæн у, ахæм сабитæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хурхæтæны мæйы 26 бон - наркотиктимæ тох кæныны бон
Категория:
Новости и СМИ