Афæдзы кæронмæ бæстонæй бакусын хъæуы национ проекттыл
Афæдзы кæронмæ бæстонæй бакусын хъæуы национ проекттыл. Сæ райрæзтæн радих кодтой 7 миллиард соммæ `ввахс. Уыдонæй 6 миллиарды сты федералон бæджетæй, сæ иннæ хай та - республикæйы хардзæй. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз оперативон æмбырды. Фæрæзты иу хай снысан кæндзысты Дзæуджыхъæуы сæйраг парчы рацарæзтæн. Уым цалцæггæнæн куыстытæ баххæст кæндзысты 1-æм декабрмæ. Тускъаты Таймураз ма æмбырды дзырдта республикæйы транспортон куыстуæтты уавæрыл. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы хъуыддагмæ хъæуы бæстонæй æркæсын. Гæнæн ис, æмæ ног хæдтулгæтæ самал кæндзысты лизинджы хуызы. Уыцы хæсæн ма республикæйы бюджетæй радих кæндзысты субсидитæ дæр. Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы хъуыддаджы сæйрагдæр у транспортон лæггæдты хæрзхъæддзинад фæбæрзонддæр кæнын. Æмбырды ма уæлдай æргом аздæхтой 2020 азы скъолаты бындурон цалцæгмæ. Кæд хъæугæ гæххæТТытæ рæстæгыл федералон центрмæ арвитой æмæ паддзахадон экспертизæ скæной, уæд Дзæуджыхъæуы сцалцæг кæндзысты 16 скъолайы, Горæтгæрон районы та - 7. 6 - Мæздæджы æмæ Алагиры районты. 4 скъолайы сног кæндзысты Æрыдоны районы, 3 та - Дыгуры, Æрæфы æмæ Кировы районты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Афæдзы кæронмæ бæстонæй бакусын хъæуы национ проекттыл
Категория:
Новости и СМИ