Пятигорскы райдыдта фæсивæдон форум «Машук»
Пятигорскы райдыдта фæсивæдон форум «Машук». Нырма уал йæ дуæрттæ байгом кодта фыццаг фæлтæрæн. Ацы аз форумы девиз у, 2018 аз куыд нысангонд æрцыд, афтæ - Бархионы аз. Гранттæ райсыныл сæ тыхтæ бавзардзысты æмæ сæ зонындзинæдтæ равдисдзысты 2 мин адæймагæй фылдæр. Кадджын мадзал куыд арвыстой, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг. Цæгат Ирыстон, Стъарапол, Дагестан æмæ `ндæртæ - æдæппæтæй Уæрæсейæ 30 регионы минæвæрттæ. Сæмбырд сты иу ранмæ сæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кæнынмæ æмæ сæ тыхтæ бафæлварынмæ. Ног хъуыдытимæ - Машукмæ. Форум йæ тæмæны бацыд. Ныридæгæн 9-æм хатт. Иу азæй иннæмæ - фылдæр ногдзинæдтæ. Цæллагты Зауыр ардæм сæмбæлд 2-аг хатт. Йæ хъуыдыйы ис Уыналы этномузей саразын. Куы рамбула, уæд йæ цард дæр хуыздæрырдæм аивдзæн. Ацы аз форумы гæнæнтæ æндæр сты. Алы архайæг дæр, йе `ргом цыфæнды къабазмæ куы аздаха, уæддæр йæ ахуырадон программæ йæхæдæг цæттæ кæны. Форум Машук аивта. Мæхæдæг дæр æй уынын. Ног программæ, ног адæм æмæ ног сфæлдыстадон объекттæ. Æз бацæттæ кодтом ахæм проект, æмæ фæсивæдон политикæйыл рæстмæ чи ахада. Форумы байгом кæныны мадзал иууылдæр бахъуыды кæндзысты. Сæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Арфæйы ныхæстимæ сæм æрбацыдысты республикæты сæргълæуджытæ. Загътой сын Бузныг, фæсивæд алцæмæ кæй тырнынц, уый тыххæй. Спорт уа, аивад, кæнæ наукон куыст - алцыдæр сæм цымыдисаг кæсы. Форумы архайдта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Аныхас кодта нæ республикæйы минæвæрттимæ. Æрыгæтты хъуыдытæй разыйæ баззад. Иу хатт ма сын сæ зæрдыл æрлæууын кодта, ацы форумы гæнæтæ уæрæх кæй сты æмæ сæ спайда кæнын кæй хъæуы. Фæсивæд æй æмбарынц æмæ ног бæрзæндтæм дарддæр тырнынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Пятигорскы райдыдта фæсивæдон форум «Машук»
Категория:
Новости и СМИ