Битарты Вячеслав сæмбæлд муниципалон скондты минæвæрттимæ
Афтæмæй йæ бон хуыздæр базонын уыдзæн районы цард æмæ, адæмы цы тыхсын кæны, уыдæттæ. Уый тыххæй йæхæдæг фехъусын кодта муниципалитетты разамонджытимæ фембæлды рæстæг. Хæстæгдæр рæстæг ма Цæгат Ирыстоны фæзындзæн хи чысыл хæдзарæдтæн æххуысы проект. Афтæмæй республикæ фылдæр æргом аздахдзæн, фермеры куыст кæнын æрæджы чи райдыдта, уыдонмæ. Æмбырды ма æрныхас кодтой фæндæгтыл æдасдзинады фарстатыл. Ацы фарстатыл бакусынæн Мæздæджы районæн радих кодтой 5 милуан сомы. Ныридæгæн районы фистæгцæуджыты 130 фæндагæй базылдысты 90-мæ. Битарты Вячеслав ма бахæс кодта фæндæгты хыгъд саразын æмæ артаджы фарстамæ `ркæсын. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, республикæйы цас артаг, уæй кæнынц, уымæ. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ артаджы станцæтæ, цас зæгъынц, уымæй 2-3 хатты фылдæр уæй кæнынц артаг. Уымæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны бюджетмæ къаддæр хъалонтæ цæуы. Фæткхалджыты рабæрæг кæныныл ныр кусдзæн сæрмагонд къорд - загъта республикæйы сæргълæууæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав сæмбæлд муниципалон скондты минæвæрттимæ
Категория:
Новости и СМИ