Арвыкомы фæндаг æмæ Транскам сты æхгæд, ацæуыны бар дзы нæй хæдтулгæты æппæт хуызтæн дæр
Арвыкомы фæндаг ацы сахатмæ у æхгæд. Й`авналæнтæ йын æрцыбыртæ кодтой боныхъæды уавæртæ. Ныртæккæ дзы æрæмбырд 200 хæдтулгæйæ фылдæр. Хæхбæсты уары мит, къæдзæхты фæхстыл æмбырд кæны æмæ тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Гуырдзыстоны `рдыгæй уавæр у ноджы карздæр. Бынæттон арæнгæс пъæлицæйы курдиатмæ гæсгæ ныртæккæ фæндагыл ацæуыны бар нæй машинæты æппæт хуызтæн дæр. Уый хынцгæйæ, ирвæзынгæнджытæ сидынц адæммæ, цæмæй фыдбылызтæй сæхи хизой. Сæ балцыл рагацау хъуыды кæной æмæ тæссаг рæттæм ма цæуой. Бахъуаджы рæстæг та ирвæзынгæнджытæм хабар кæной 101, 112, кæнæ 01 сæрмагонд номыртæм. Транскамы фæндаг дæр боныхъæды уавæртæ кæй февзæрдæр сты, уый аххосæй сæхгæдтой. Хæдтулгæты æппæт хуызтæн дæр дзы ацæуыны бар нæй. Æнæнхъæлæджы уавæрты управленийы куыд зæгъынц, афтæмæй фæндаг байгом кæндзысты хицауады сæрмагонд уынаффæмæ гæсгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Арвыкомы фæндаг æмæ Транскам сты æхгæд, ацæуыны бар дзы нæй хæдтулгæты æппæт хуызтæн дæр
Категория:
Новости и СМИ