Куырттаты комы аивæзтой газуадзæн хæтæлтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

Дзуарыхъæуæй Цхинвалмæ, Фыййагдоны сæрты... "Газпром"-ы инвестицион программæ æххæстгæнгæйæ, Куырттаты комы аивæзтой газуадзæн хæтæлтæ. Сæ фæрцы 10 хæххон хъæуы цæрджытæ пайда кæндзысты ацы æрдзон хорзæхæй. Ацы цаумæ бынæттон цæрджытæ 10 азæй фылдæр æнхъæлмæ кастысты. Куыстытæ райдыдтой фарон. Ацы азы майы та цъæх артаг æфсинты къух фæрогдæр кæндзæн. Цалдæр азы размæ дæр ма Куырттаты комы хæдзæртты æрдзон газ фæзындзæн, уый сæ зынтæй уырныдта. Уæвгæ, йæм бирæ азты бæллыдысты. Фæлæ иу сын куы иу рæстæг сæмгъуыд кодтой, куы иннæ. Афтæмæй азтæ цыдысты. 2000 адæймаджы бæллиц та уыд, цæмæй искæй къухы бафта коммæ газы хæтæлты 50 км бауадзын. Ныр цæрджыты цинæн кæрон нал ис. Хæстæгдæр мæйты специалисттæ хохаг 10 хъæумæ газ бауаддзысты. Куыд зæгъынц, афтæмæй арæзтадон куыстытæ кæнынц нырыккон домæнтæм æмæ технологитæм гæсгæ. Хæтæлтæ сты полиэтиленæй, уымæ гæсгæ сын згæйæ тас дæр нæу. Зæххы сæ баныгæдтой метр æмæ `рдæджы арфы. Ахæм газуадзæн системæйæ пайда кæнæн уыдзæн 50 азæй фылдæр. Адон та сты бетон кусæнгæрзтæ. Барæй къуырф конд сты, афтæмæй сæ къæвдадон не мбырд кæны, фæлæ тæдзы дарддæр. Уый дæр хорз у - дон хæтæлты алыварс зæхх нæ бахæры æмæ газуадзæнтæй фылдæр рæстæг ис пайдагæнæн. Аразджыты ныхæстæм гæсгæ ацы куыстытæ тынг ахсджиаг сты - бетон къуырф дуртæ раст æвæрын хъæуы. Куыстытæ та æнцон не сты. 2 700 метры бæрзæнд къæдзæхтæ, зын бацæуæнтæ - ахæм уавæрты зæхх къахын æмæ дзы хæтæлтæ æвæрын алкæй бон нæ бауыдзæн. Фæлæ Куыртатты комы цæрджытæ газмæ куыд тынг æмæ рагæй æнхъæлмæ кæсынц, уый аразджытæ хорз æмбарынц æмæ архайынц адæмы цин фæтагъддæр кæныныл. Къуылымпы сæ æрмæстдæр боны ахаст фæкæны. Газуадзæн хæтæл канд цæрджытæн пайда нæ уыдзæн. Иуæй сæ цы зæххыл æвæрынц, уымæн фиддзысты хаццон, иинæмæй та коммæ ноджы фылдæр туристтæ цæудзæн. Газуадзæн хызæг кадджын уавæры байгом кæндзысты майы. Уый, цы мгъуыд нысан кодтой, уымæй 9 мæйы раздæр у. Комы цæрджытæ та ацы цаумæ 10 азæй фылдæр æнхъæлмæ кастысты. "Ныр нæ суг æмæ мазуты мæт нал уыдзæн" - æдыхстæй æмæ цингæнгæйæ дзурынц Фыййагдоны цæрджытæ. Зыхъуаты Жаннæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Куырттаты комы аивæзтой газуадзæн хæтæлтæ

Категория:

Новости и СМИ