Аккаг аргъ
«Премия Жизни», зæгъгæ, ахæм хæрзиуæгæй абон схорзæхджын кодтой Дзæуджыхъæуы 2 цæрæджы. 100 азы сыл кæй сæххæст, уый тыххæй сын саккаг кодтой ацы преми. Сæ иу у Багаты Владимир – Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты архайæг. Йæ уаргъ ын йæ уæхсджытыл бамбæрста. Хæстмæ йæ 1942-æм азы арвыстой. Фæстæдæр, 1945 азы архайдта Японийы хæсты дæр. Ацы аз ветераныл сæххæст 100 азы. 9-æм майы, бæрæгбоны агъоммæ, Дзæуджыхъæуы сæргълæууæг Хадарцаты Махарбег, Багаты Владимирæн ракодта бæрæгбонты фæдыл арфæ. Хадарцаты Махарбеджы номæй, Премийы хуызы горæты сæргълæууæджы æххуысгæнæг Цъыккаты Лорæ йын балæвар кодта 100 мин сомы. Ахæм Премийæ ма схорзæхджын кодтой Дзгойты Тамарæйы. Хæсты рæстæг сылгоймаг æдас ранмæ рахуыдта 100 сывæллоны. Кæд Дзготы Тамарæйыл къорд азтæ рацыд æмæ царды бирæ зындзинæдтæ федта, уæддæр йæ уарзондзынад поэзимæ нæ фесæфт. Александр Пушкин æмæ Михаил Лермонтовы æмдзæвгæтæн сæ фылдæр зоны. Ветеран бæрæгбоны агъоммæ ахæм лæварыл тынг бацин кодта. Кæй йæ æрхъуыды кодтой, уый тыххæй йæ бынонтæ загътой арфæйы ныхæстæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Аккаг аргъ
Категория:
Новости и СМИ