Аив фæсарæйнаг кæфтытæ
Дзæуджыхъæуккаг Максим Фадеев æмæ София Калинченко 10 азы тæхынц кафты базыртыл. Иумæ та 5 азы кафынц. Уыцы рæстæгмæ сæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Фæлæ æппæтадæмон ерысты фыццаг хатт архайдтой. Кафджыты ерысты уыдысты Гуырдзыстоны. Архайдтой дзы 24 кафæг къайы дунейы алы бæстæтæй. Хуыздæртыл дзы банымадтой не `мбæстæгты. Аив вальс, уарзондзинад æргомгæн испайнаг пасадобль, романтикон æмæ туг чи змæлын кæны, уыцы румбæ цы Аив-спортивон кæфтыты ерысты архайджытæ сфæлыстадон тохы бацыдысты æмæ сæ курдиатæй барухс кодтой адæмы æмæ жюрийы зæрдæтæ. Дзæуджыхъæуы минæвæрттæ дзы намад æрцыдысты хуыздæртыл – радтой сын сыгъзæрин майдантæ. Максим Фадеев æмæ София Калинченко иумæ 5 азы кафынц. Кæрæдзийы æнæ ныхасæй дæр æмбарынц, тынг æнувыд кæй сты. Уый сын баххуыс кодта ерысты сæхи иттæг хорз равдысын. Кафæн фæзы рæсугъд æмæ æнæаипп кæфтытæ акодтой. Цымыдисаг та уымæй уыдысты æмæ баиу кодтой ныры хореографи класикон кæфтытæ. Тынг бирæ æнкъарæнтæ мæм фæзынд ацы ерысты. Æнхъæл дæр нæ уыдыстæм фыццаг бынат кæй бацахсдзыстæм, уый. Стыр æххуыс нын уыд нæ командæ. Нæхиуыл нæ зæрдæ кæй дардтам. Уыимæ ма иумæ бирæ рæстæг кæй кафæм, уый дæр нын æххуыс уыд. Кафджыты ерысты архайдтой 24 бæстæйæ минæвæрттæ. Се `хсæн хуыздæр суæвын æнцон нæу. Æмæ уæлдай бузныг сты сæ ахуыргæнджытæй. Эллина Калинченко кæфтыты сусæгдзинæдтæ сывæллæттæн 4 азы дæргъы æргом кæны. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй цыбыр рæстæгмæ йæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Ерыстæм сæхи дыууæ цæттæ кодтой æмæ дзæгъæлы нæ. Сæ размæвæрд хæс фагæй фылдæр баххæст кодтой. Йæ Фæлæ Эллинæ Каличенкомæ фæзынд ног бæллиц, ныр та йæ фæнды йæ хъомылгæнинæгты дунеон ерыстæм бацæттæ кæнын. Се `нтыстдзинæдтæй зæрдæ райы. Мæ хъомылгæнинæгты цæттæдзинад хуыздæрæй-хуыздæр кæны. Куыд мæ бон у, афтæ сын æххуыс кæнын, исты сын куы нæ фæуайы. уæд. Вæййы афтæ æмæ кæрæдзийы нæ фембарынц психологон æгъдауæй. Уымæй уæлдай ма къай æвзарын хъæуы афтæ, цæмæй сæ асмæ гæсгæ кæрæдзиимæ фидауой, уымæ дæр. Уый та зын ссарын вæййы. Бирæ лыстæг хъуыддæгтæ ис нæ дæсныйады. Æххуыс сын кæны клубы разамонæг Токматы Денис. Спорты ацы хуыз гыццылæй нырмæ дæр тынг уарзы, йæ зæрдæйы ахсджиаг бынат ахсы. Уымæй уæлдай ма зоны бæрзонд къæпхæнтæм куыд ис схизæн, уыцы сусæгдзинæдтæ. Куыд зæгъы, афтæмæй, фыццаджыдæр, хъæуы ритм æрцахсын, хореографи банкъарын, къæхты æвæрд. Сæйрагдæр та – цины æнкъарæнтæ не мбæхсын. Æппæт уыцы домæнтæ сæ хъомылгæнинæгтæ æнтысджынæй сæххæст кодтой. Ерыстæм тагъд бацæттæ кодтам, скодтой ныр стыр аргъ. Турниры уæлахиз нын ахсджиаг æмæ зынаргъ у. Тыхджын кафджытæ дзы уыд. Æмæ семæ ерыс кæнын дæрф æлтæрддзинад у. Сывæллæттæм фарсырдыгæй касттæн æмæ мæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты, разы сæ дæн. Се ппæтæй дæр. Ахæм конкурсты рæстæг кафджытæ алцыдæр хуыздæр бамбарынц, иннæтæм кæсгæйæ сæ хъæндзинæдтæ æмæ сæ фылдæр цæуыл бакусын хъæуы, уый хуыздæр банкъарынц. Кафджыты ерыстæ дих кæнынц дыууæ программæййыл: европæйаг æмæ латинаг. Æдæппæтæй уыдысты 10 кафты. Дзæуджыхъæуы кафджыты къай се ппæты хсæн бæрæг дардтой. Фидæны сæм æнхъæлмæ кæсынц ног ерыстæ. Июны кæрон ацæудзысты гом æппæтадæмон турнир «Виват, Россия2-мæ». Куыд нæм кæсы уым дæр иннæдæй дæлдæр не рлæудзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Аив фæсарæйнаг кæфтытæ
Категория:
Новости и СМИ