Хъæууон хæдзарады рæзтæн
Цæгат Ирыстоны скъолаты хистæр кълæсты ахуырдзаутæн амондзысты аграрон куысты бындурон зонындзинæдтæ. Ахæм хъæппæрис бахаста Битарты Вячеслав. Практикæйы хуызы проект æххæст кæнынмæ хъавынц Кировы районы, Змейкæйы 2 скъолайы бындурыл. Скъоладзауты ахуыр кæндзысты зæххимæ архайын, халсартæ садзын æмæ тыллæг æмбырд кæнын. Уыцы зонындзинæдтæ сын амондзысты Елхоты бирæвæрсыг колледжы ахуыргæнджытæ. Ме`мкусæг Къуымæллæггаты Фатимæ абалц кодта Кировы районмæ. Аныхас кодта колледжы директор Хъайтыхты Григориимæ æмæ скъоладзаутимæ. Куыд цæуынц цæттæгæнæн мадзæлттæ? Цы зæххыл кусдзысты æмæ методисттæ цавæр ахуырадон программæ цæттæ кæнынц? Уыдон æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæ нæ дарддæры æрмæджы. Æрæджы нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав бахаста хъæппæрис цæмæй скъоладзаутæ бацархайой хъæууон хæдзарадон къабазы. Эксперементы хуызы ныффидар кодтой проект. Йæ фæлгæты хистæркъласонтæ цæудзысты сæрмагонд ахуыртæ. Пилотон проект сæххæст кæнынмæ равзæрстой Кировы район. Змейкæйы дыууæ астæуыккаг скъолаты ахуырдзаутæ лæмбынæг архайдзысты сæ скъолаты зæххы фæзахстыл цы цæхæрадоны хай ис, ууыл. Ам скъоладзаутæ ныссаддзысты картоф, хъæдындз, цæхæра æмæ алыхуызæн зайæгойтæ. Проекты архайджытæ сты 6-æй 9-æм къласонтæ. Змейкæйы 2-æм скъолайы директоры хæдивæг хъомыладон куыстæй Хъæбызты Раисæ: «Æз тынг хорз хъуыды кæнын мæнæ ацы зæххы хай иу бирæ азты дæргъы скъоладзаутæ тынг зæрдиаг фæллой бакодтой.тынг хорз тыллæг иу дзы æрзаин кодтой. Уæлдай æхсызгон та иу уый уыдис, æмæ иу куы акастытстæм цы гыццыл зæххы хæйттæ сæм хаудис, уыдонимæ куыд зæрдиагæй архайдтой, уый». Уæлдай зæгъинаг ма уый у, æмæ сывæллæтты быдыртæм кæй нæ ласдзысты. Архайд цæудзæн æрмæстдæр зæххы хæйттæ цы скъолаты ис, уым. Фадат кæмæ нæй,фæлæ ахуыр кæнын кæй фæнды,уыдонæн Елхоты бирæхайадон колледж радихкæндзæн зæххытæ. Уымæй уæлдай ма скъоладзаутæн æххуыс кæндзысты колледжы ахуыргæнджитæ æмæ студенттæ. Елхоты бирæхайадон колледжы директор Хъайтыхты Григорий: «Мæнæ нæм ис хъæрмуæттæ дæр. Æмæ кæд искæйы фæнда скъоладзаутæй, уæд иу уыдоны дæр æрбакæндзыстæм æмæ цын амондзыстæм. рувæнимæ куыд кусын хъæуы, зæххимæ. Агротехникон хабæрттæ куы хуыздæр сты, уыдон сывæллæттæ куы зоной, уæд, æвæццæгæн, сæ дарддæры цардæй уый цын пайда уыдзæнис». Хъуыды скъоладзауты зæрдæмæ фæцыд. Цæхæрадæтты архайдзысты æрмæстдæр урокты фæстæ. Куыст æппындæр ахуырадон процесс нæ хъыгдардзæн. Сывæллæттæ æнхъæлмæ кæсынц куыстыты райдайæнмæ. Ног ахуырады ссардтой бирæ пайда. Программæйы сæйраг нысан у сывæллæтты æргом хъæууон хæдзарадмæ раздахын. Район цух `ййафы хъæууон хæдзарадон кусджытæй.Ахæм ахуырад та бирæ сывæллæттæн баххуыс кæндзæн сæ дæсныйад ссарын. Ныр та уал фæсивæд хъуыды кæнынц сæ фидæныл куыд фæбæрæг уыдзысты ахæм ивддзинæдтæ, ууыл. Змейкæйы, тыллæг æмбырд кæныны рæстæг куы рцæуа,уæд бæрæг уыдзысты программæйы æнтыстдзинæдтæ дæр. Хаддзæгтæ бæрзонд куы разыной,уæд проект апарахат кæндзысты нæ республикæйы иннæ скъолатыл дæр. 2020 азы йæм баиу кæндзысты Елхоты скъолатæ. Уый фæстæ та Кировы район æнæхъæнæй.Уый фæстæ республикæйы иннæ районтæ дæр. Фæлæ уый фидæны. Ныридæгæн та уал скъоладзаутæ æнхъæлмæ кæсынц хъарм бонтæм æмæ фыццаг куыстытæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъæууон хæдзарады рæзтæн
Категория:
Новости и СМИ