Дзæуджыхъæуы дарддæр аразынц телеуынынады ног мæсыг
Дзæуджыхъæуы дарддæр аразынц телеуынынады ног мæсыг
Дзæуджыхъæуы дарддæр аразынц телеуынынады ног мæсыг. Конструкцийы уæз уыдзæн 1500 тоннæйы, йæ бæрзæнд 210 метры. Уæззаудæр ма у æрмæст Останкинойы мæсыг. Проекты автортæ зæрдæ æвæрынц, мæсыг зæххæнкъуысты 9 баллæн кæй бафæраздзæн. Уæдæ йӕ тыхджын дымгæ дæр нӕ бахъыгдардзӕн. Æмбал кæмæн нæ уыдзæн, уыцы конструкци регионмæ, æнæмæнг, ӕлвасдзæн туристты. Цавæр цымыдисаг хъуыддæгтæ ма цæттæ кæнынц инженертæ, уый базыдта не сфæлдыстадон къорд. Райсомы авд сахаты дæр нырма нæу, афтæмæй кусджытæ бынаты сты. Ныртæккæ 147 метры бæрзæндыл сты. Уый 50 уæладзогæн хæдзарæй бæрзонддæр бæрæггæнæн у. Æрвылбон, райсомы 5 сахатыл цыппар аразæджы рахизынц вахтæмæ. Уæлæмæ сбырынц асинтыл. Ууыл бахардз кæнынц сахаты æрдæг. Бынмæ æрхизынц изæрмæ хæстæг. Зæххæй сæм сдæттынц конструкцийы хæйттæ, кæрæдзимæ сӕ ныффидар кæнынц. Ам алы хай дæр нымад у, алы лыстæгдзинад дæр фæзындзæн мæсыгыл. Уымæ гæсгæ специалисттæ архайынц бæстонæй. Мæсыг æмбырд кæнынц стæм хуызæй. Фыццаг авд секцийы æмбырд кодтой хуымæтæг исæн кранты æххуысæй. Дарддæр амаддзагыл ныффидар кодтой хӕдисгӕ къран. Фæразы 9 тоннæйы уæз. Мæсыджы конструкцитæм фидаргонд цæуы згъæр тростæм. Йæ бынат ын ивынц, арæзтад куыд рæзы, уымæ гæсгæ. Элементтæ уæлæмæ сисынæн бахъæуы 20 минуты. Дарддæр та ноджы цымыдисагдæр уыдзæн. Конструкцийы уæз уыдзæн 1мин 500 тоннæйы, йæ бæрзæнд 210 метры. Уымӕй уæззау дæр у æрмæст Останкинойы мæсыг. Йæ бындуры уæз та 6 мин тоннæйы. Æнцой кæндзæн æфсæнбетоны цæджындзтыл. Уыдон сты проекты æппæтæй ахсджиагдæр арæзтæдтæ. Сæ бон уыдзæн зæххæнкъуысты 9 баллӕн фæлæууын. Уæдæ йӕ тыхджын дымгæйæ дæр нӕ бахъыгдардзӕн. Ног мæсыг аразынц, раздӕры мӕсыг баивын кæй хъæуы, уый тыххæй. Телевизион мæсыг ма саив кæндзысты алыхуызон рухсытæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй рæсугъд уыдзæн. Æппæт куыстытæ дæр фæуынвæнд кæнынц ацы аз. Уазиты Зæлинæ