297 азы сæххæст Уæрæсейы прокуратурæйыл
Прокуратурæйы кусджытæ райсом сбæрæг кæндзысты сæ профессионалон бон. Уый фæдыл абон сарæзтой кадджын æмбырд. Сæххæст ыл 297 азы. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, хицауады æмæ тыхы структурæты минæвæрттæ арфæйы ныхæстæ ракодтой прокуратурæйы кусджытæн. Арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ йе `мкусджытæн загъта республикæйы прокурор Владимир Векшин дæр. Уæрæсейы генералон прокуратурæйы хæрзиуджытæй фæнысан кодта хуыздæр кусджытæ æмæ ветеранты. Уымæй уæлдай ма сын республикæйы прокурор радта арфæйы фыстæджытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
297 азы сæххæст Уæрæсейы прокуратурæйыл
Категория:
Новости и СМИ