Гæззаты Юрий - «Спартачы» ног тренер
Астраханы футболон клуб «Волгарь»-ы сæйраг тренер Гæззаты Юрий йæ бынат суæгъд кодта. Хæстæгдæр рæстæг æрлæудзæн дзæуджыхъæуккаг футболон клуб «Спартачы» сæргъы. Тренер куыд зæгъы, афтæмæй Цæгат Ирыстоны футболмæ æмхиц фæсивæд бирæ ис. Йæ хъуыдымæ гæсгæ сæ уый æрбангомдæр кæндзæн. Спартакæй саразынмæ хъавы, раззагдæрты бынаты чи уыдзæн, ахæм командæ. Куыд радзырдта, афтæмæй йæ зæрды ис ирон футболы кæддæры кад фæстæмæ раздахын. Юрий Ирыстоны нæ уыд æвддæс азы, уымæ гæсгæ уавæр бынтон хорз нæ зоны.Фæлæ йæ зæрдæ дары, йæ фæндтæ йæ къухы кæй бафтдзысты, уымæй. Кусын райдайдзæн майы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Гæззаты Юрий - «Спартачы» ног тренер
Категория:
Новости и СМИ