Дзæуджыхъæуы дарддæр аив кæнынц Терчы былгæрæттæ
Дзæуджыхъæуы дарддæр аив кæнынц Терчы былгæрæттæ. Ныртæккæ куыстытæ цæуынц Гæдиаты Цомахъы уынгæй Плиты Иссæйы уынджы онг. Специалисттæ зæронд плиткæ ивынц брусчаткæйæ. Сæвæрдзысты ма дзы бордюртæ, рухсгæнæнтæ, бандæттæ æмæ бырондæттæ. Фæзты та байтаудзысты кæрдæгфæз. Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй афæдзы кæронмæ куыстытæ фæуыдзысты. "Горæты æнцонвадат уавæрты" федералон программæмæ гæсгæ ма базилдзысты æмæ сцалцæг кæндзысты 16 æхсæнадон фæзуаты.