Æххуысмæ 'нхъæлмæ кæсынц
Цæлыччы донивылдæй рацыд къуырийæ чысыл фылдæр. Фæлæ ма ныр дæр адæм æмæ бархионтæ архайынц æрдзон бæллæхы фæстиуджытæ аиуварс кæныныл. Куыд зонут, афтæмæй хъæуы къæвдаимæ их дæр æруарыд. Ныртæккæ иууылдæр архайынц хъуыддаг банывыл кæныныл. Меценаттæ ласынц хуыр æмæ цемент. Æххуыс сын кæнынц æхсæнадон организациты минæвæрттæ дæр. Хæдзæртты къултæ нырма хуылыдз сты. Иу агъуысты 6-гай адæймаджы бахсæвиуат кæнынц. Æрдзы хивæнд митæ адæмæн æмæ экономикæйæн цы зиан æрхастой, уый специалисттæ нæма банымадтой. Цæрджытæй æххуыс нырма æххæстæй ничима райста. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æххуысмæ 'нхъæлмæ кæсынц
Категория:
Новости и СМИ