Цæгат Ирыстоны паралимпаг стъолыл хъазгæ теннисисттæ - хуыздæрты `хсæн
Цæгат Ирыстоны паралимпаг командæ стъолыл хъазгæ теннисæй Уæрæсейы чемпионаты Тулæйы облæсты бацахста цыппæрæм бынат. Ерысты архайдтой 204 спортсмены нæ бæстæйы 48 регионæй. Чемпионаты программæйы уыдысты къордгай ерысты 5 хуызы. Уæдæ хибар адæймæгты `хсæн ерысты дæр рамбылдтой 16 майданы. Цæгатирыстойнаг спортсментæ уыдысты æртæйæ. Иугонд командæйы тренер куыд зæгъы, афтæмæй ацы спорты хуызы æртæ азы архайынц. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ ацы хатт командæйы бæрæггæнæнтæ бæрзонддæр сты. 6-æм бынатæй схызтысты 4-æммæ. Хи барæй дæр тынг хорз бацархайдтой. Тыбылты Иринæ бацахста цыппæрæм бынат. Нæ командæйы æнтыстдзинæдтæ фæбæрæг кодта Уæрæсейы иугонд командæйы хистæр тренер. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны паралимпаг стъолыл хъазгæ теннисисттæ - хуыздæрты `хсæн
Категория:
Новости и СМИ