Фыдæлты фарнмæ хæстæгдæр
Æрвылазон этнолагеры фыццаг фæлтæр фæци. Дунейы алы бæстæты цæрæг ирæттæ сæ фыдæлты зæххмæ ныр 4-æм хатт ссыдысты. 25 бонмæ лагеры архайджытæ æрзылдысты Цæгат Ирыстоны рæсугъддæр бынæттыл. Базонгæ сты сæ фыдæлты истори æмæ æгъдæуттимæ, традицитæ æмæ ныры дуджы æрвылбоны цардимæ. Абон уыд 1-аг фæлтæры кæронбæттæн бон. Æмæ сын форум аразджытæ бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ. Цавæр? Уый федта æмæ нын æй схъæр кæндзæн нæ уацхæссæг. Хыссæ скæнын æмæ дзы уый фæстæ чъиритæ. Цæмæй хæрзад æмæ дзадджын рауайой, уый тыххæй бирæ фиппаинæгтæ хъуыды кæнын хъæуы. Уæвгæ, алы æфсинмæ дæр йæхи сусæгдзинæдтæ ис. Фæлæ сæ абон этнолагеры архайджытæ сæхæдæг кæнынц. Куы сæм бакæсай, уæд алчидæр банкъадзæн сæ зæрдæтæ цавæр æнкъарæнтæй дзаг сты, уый. Ирон чъиритæн цы нысаниуæг ис, уый æмбарынц. Æмæ алцыдæр кæнынц афтæ, цæмæй ирон адæмы кувинæгтæ уой раст конд. Цалынмæ чызджытæ чъиритæ кæныныл ахуыр кæнынц, уæдмæ лæппутæ та сæхи национ инструменттыл цæгъдынæй фæлварынц. Фæсивæды фылдæр хай лагеры фыццаг хатт сты æмæ сæм алцыдæр тынг цымыдисаг кæсы. Инструменттæ дæр фыццаг хатт федтой. Фæлæ сæ зæрдæйæ бауарзтой. Сæ зæлтæ та сæ бон абарæн дæр ницæимæ у. Этнолагеры архайджытимæ фембæлд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. куыд сын радзырдта, афтæмæй республикæйы байгом кодтой национ телеуынынад. Ныр алкæй бон дæр у Ирыстоны хабæрттæм æмæ национ программæтæм кæсын. Æнцондæр сын уыдзæн æвзаг базонын дæр. Ног фадæттыл æмæ гæнæнтыл уазджытæ тынг бацин кодтой. Куыд загътой, афтæмæй ныр сæ бон у сæ фыдæлтыккон зæххы тыххæй бирæ æрмæджытæм æмæ программæтæм бакæсын. Фæндид ма сæ лагеры фæлгæты ирон æвзаг ахуыр кæнын. Абон уыд этнолагеры 1-аг фæлтæры кæронбæттæн бон. Уæрæсейы алы регионтæй æмæ дунейы алы бæстæты минæвæрттæ Цæгат Ирыстоны уыдысты къуыри. Уыцы рæстæгмæ сын равдыстой республикæйы кæмтты рæсугъддзинæдтæ, историон, архитектурон æмæ æрдзон цыртдзæвæнтæ, сарæзтой сын цымыдисаг фембæлдтытæ. Уазджыты фæстæмæ цæуын нал фæнды. Æмæ сæ бамбарæн дæр ис. Сæ зæрдæты иу хай ам баззад æмæ сæ фæстæмæ ‘лвасдзæн. Фыдæлты фарн тыхджын æмæ аджын у. Фыдæлтыккон зæхх та алкæй дæр мадау рæвдауы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фыдæлты фарнмæ хæстæгдæр
Категория:
Новости и СМИ