Хæлар æви знаг?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Адæмыл уæларвæй уары, цæрæгойтыл та - адæмы къухæй. Æрыдоны цæрæг бавдæлд æмæ иу куыдзы фыднад фæкодта. Афтæ, æмæ йæ туг йæ дзыхæй акалд. Ныр цардæгас у, фæлæ йæ хъæдгæмттæ, раст цыма уæззау хæсты бахауд, ахæмтæ сты. Чи йæ фæцæфтæ кодта, уыцы нæлгоймаг дæр дзы уæдæ хорзæй ницы смарзта. Бахауд пъæлицæйы цæстæнгасы. Уæвгæ, дам, сæдæ хатты фехъусынæй иу хатт фенын хуыздæр у. Зæрдæ кæмæй бауазал вæййы, ахæм хуызы Плиты Маринæ ссардта ацы куыдзы Æрыдоны Фыццæгæм майы уынгыл. Йæ туджы мæцыдис, тыххæй улæфыд, йæ сæр ныррæсыд, афтæмæй. Йæ хурхыл та æлхъывд баст уыдис рон. Цы ма базонын хъуыдис Маринæйы, чидæр йæ фыднад кæй фæкодта. Цыбыр рæстæгмæ йын бантыст уыцы нæлгоймаджы дæр ссарын. Диссаг куыд нæ у, фæлæ уый йæ фыдракæндыл фæсмон нæ кодта. Мæнæ ис. 35-аздзыд Хасан Кабалон. У Сирийæ. Цалдæр азы цæры Æрыдоны йæ бинойнаг æмæ йæ дыууæ сывæллонимæ. Куыд зæгъы, афтæмæй куыдзмæ хуымæтæджы нæ фæмæсты. Мæ кæрчыты, дам, мын фæцагъта, нæ бацауæрста æндæр лыстæг фосыл дæр. Уыйфæстæ та, дам, мын мæхирдæм фæцис. Йæ зæрдыл хорз лæууынц уыцы райсомы хабæрттæ. «Цыдæр уынæр айхъуыстон æмæ сарамæ бауадтæн. Æнхъæл уыдтæн, æмæ мæм мæ сыхæгтæй чидæр æрбауад. Афтæмæй дзы 6 куыдзы ауыдтон. Цæвгæ дзы æрмæстдæр иуæн фæкодтон йæ сæр. Уыйфæстæ йæ æддæмæ асырдтон. Иннæтæ сæхæдæг алыгъдысты», - Хасан Кабалон. Тугкалгæ куыдзы уайтагъд бахæццæ кодтой Михайловскæйы ветеринарон клиникæмæ. Цы хъуыдис, уыцы `ххуыс ын бакодтой. Ныртæккæ йæ цардæн тæссаг нал у. Фæлæ йæ сæры стджытæ сæ бынæттæй фæиртæст сты. Йæ цæф æгæр карз уыдис. «Тагъд æй схæццæ кодтам ардæм. Рентгеныл зыны цавæрдæр згъæры схъис. Нæ бон æй сисын нæма у куыдзы сæрæй. Æнæуый дæр йæ уавæр бынтон нæма банывыл. Æгæр знæт цæфтæ йын ныккодтой. Ныртæккæ йын наркоз скæн, уæд æрмæст уымæй дæр амæлдзæн», - бархион Плиты Маринæ. Куыдзы нæмæгыл Плиты Маринæ пъæлицæмæ бахъаст кодта. Ныртæккæ уыдон кусын хабар сбæлвырд кæныныл. Æрæмбырд кодтой фаг æрмæджытæ æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй нæлгоймаджы хъæудзæн дзуапп дæттын. Гæнæн ис, æмæ йыл байгом кæной Уæрæсейы Уголовон Кодексы 245-æм статьямæ гæсгæ хъуыддаг. «Цæрæгойтимæ хи карз даргæйæ, рыст сын æвзарын кæнгæйæ, гæнæн ис, æмæ ивар бафидай 80 мин сомы онг. Кæнæ та хъуамæ цæттæ уай æнæмæнг куыстытæ 360 сахаты дæргъы бакæнынмæ. Науæд, гæнæн ис, æмæ ахæстоны смидæг уай 6 мæйæ 3 азы онг æмгъуыдмæ», - юрист Доййаты Аслан. Æфхæрд цавæр уыдзæн, уый аразгæ у тæрхонгæнæгæй. Юристты хъуыдымæ гæсгæ, куыдзы хи хъахъхъæнгæйæ куы ныццæвай, уæд иварæй дæ хъуыддаг ацараздзынæ. Цас уыдзæн, уый дæр тæрхонгæнæджы бар у. Фæлæ цæмæй ахæм быцæуаг хабæрттæ ма цæуа, цæмæй адæм æмæ куыйтæ раздæрау хæлæрттæй баззайой, уыйтыххæй кусынц сæрмагонд службæтæ. Адæм сæм æххуысмæ фæсидынц æппынкъаддæр 3 хатты къуыримæ. «Нæ горæты ис сæрмагонд экослужбæ, уырдæм радтæм цæрджыты курдиæттæ. Алы бон дæр горæты уынгтæм рацæуынц кусджыты 2 къорды, семæ сæ хицау, афтæмæй. Кусын райдайынц райсомы 5 сахатыл. Æрцахсынц дзæгъæл куыйты æмæ сæ радтынц, дарæн сæ кæм ис, уыцы ранмæ», - Дзæуджыхъæуы администрацийы Иумæйаг диспетчерон службæйы информацион центры сæргълæууæг Джыккайты Ритæ. Диспетчерон службæйы зæрдæ æвæрынц - адæмы хъæстытæй иу дæр æнæрхъуыдыйæ нæ ныууадзынц. Бахъуаджы сахат сæ дон у уæлæмхасæн куыст дæр бакæнын. Æнæхицау куыйты æнæхицауæй уадзæн нæй. Хъулаты Юрий _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хæлар æви знаг?

Категория:

Новости и СМИ