Тъорт "Дзæуджыхъæу"-ы хуыздæр рецепт

Райсом нæ горæт æвзардзæн тъорт "Дзæуджыхъæу"-ы хуыздæр рецепт. Æркасты финал сараздзысты Штыбы фæзы боны 13 сахатыл. Бæрæгбоны уазджытæм æнхъæлмæ кæсынц концертон программæ, конкурстæ æмæ аниматортæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, адджинæгты æркасты архайдтой суинаг æмæ фæлтæрдджын кондитертæ. Сæ размæ сын сæвæрдтой хæс - Цæгат Ирыстонимæ баст сæрмагонд ад кæцы кæна, ахæм тъорт сфыцын. Уыцы адджинаг хъуамæ суа нæ горæты символ. Техникон хæслæвæрдыл та Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав бакуыста базарадон-экономикон колледжы директор Æбиты Валериимæ. Тъорт хъуамæ уа хуры хуызы, хæхтæ дæр дзы хъуамæ ныв уой, стæй ма дзы æнæмæнг фыст хъуамæ уа "Дзæуджыхъæу", зæгъгæ. Уæд æй нæ республикæйы уазджытæ хуыздæр хъуыды кæндзысты.

Иконка канала IRYSTONTV
1 460 подписчиков
12+
9 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии