Ацæргæ адæмы хæдзар-интернат «Забота»-йы байгом кодтой сæрдыгон сценæ

Спортивон-дзæбæхгæнæн физкультурæмæ цæттæ сты куыд инструктор, афтæ карджын адæм дæр. Советон рæстæджы зарджытæ сын сæ удтӕ батавынц, уарзон музыкалон зæлтӕм сæ архайд дæр сæрæндæр у. Райсомы зарядкæ сын свæййы чысыл бæрæгбон. Æрмæст гимнастикæйыл не 'рлæуынц. Хъазты хуызы фæлтæрæнтæ æххæст кæнын сӕм хъæлдзæгдæр кӕсы, ӕмӕ уый у пайда. Ацæргæ адæмы хæдзар-интернат «Забота»-йы та æцæг бæрæгбон ныззылдтой. Ног сæрдыгон сценæ сарæзтой хи фæрæзтæй. Артисттимæ иумæ зарынц ам цӕрӕг 135 адӕймæджы. Зонынц ӕй, гом арвы бын концерт сæ номыл кæй у, уый. Сæрдыгон сценæ саразыны курдиат пенсионертæн сæхицӕй рацыд. Ам сыгъдæг уæлдæфмæ сæ рæстæг æрвитдзысты, зардзысты, кафдзысты, изæрыгон кæсдзысты кинонывтæм. Сæхицæн æппынæдзух исты куыст ссарынц. Зæгъæм, Евгений Александров йæхи поэзийы фæлвары. Ам ис 2006 азæй нырмæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын ацы бынат сси æцæг хæдзар. Цалынмæ сценæйæ зарын хъуысы, уæдмæ хæрæдоны цæттæ кæнынц сихор. Абон нанатæ æмæ бабатæн аходӕнӕн ьацӕттӕ кодтой хъæрмхуыпп, кæсаг гарниримæ, кас. Хæринæгтæ сты пайдаджын æмæ æнæмæнг хæрзад. Хæринаггæнджытæ сын сихортæ æрцæттæ кæнынц сæ кар хынцгæйæ. Фылдæр дыргътæ æмæ халсартæ, дзидза, фæлæ æрмæст ссæстæй. Карджынтыл узæлынц, хъæлдзæг сæ дарынц. Сбæрæг кæнынц æппæт бæрæгбæттæ дæр. Гуырæнбонтæ дæр уӕдӕ афтӕ. Хæдзар-интернаты цæрджыты царды æууæлтæ фæхуыздæр кæнынæн сын бынаты æххуыс кæнынц алы хуызы специалисттæ. Дохтыртæ, инструктортæ, логопед. Ацæргæ адæмæй инсульт кæмæ уыд, ахæмтæ дæр ис. Сæ ныхас фæкъæзынæг вæййы. Уыдонимæ дæр сæрмагондæй кусынц. Æрмæст дзы бынæттæ нæ фаг кæны. Рады лæууынц 20 адæймаджы. Уагдоны разамонæг Белеккаты Георги куыд радзырдта, афтæмæй республикон фæллойы министрад фæнд кæны ноджы иу хæдзар-интернат саразын. Ам, Дзæуджыхъæуы. Ахсджиаг у, нæ хистæрты фарсмæ балæууын æмæ сыл узæлын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
41 просмотр
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии