Малусæг. Кæрдæг
Малусæг уырыссагау хонынц «подснежник», кæнæ та«галантус». Æдæппæтæй сты 18 хуызы. 12 дзы Уæрæсейы зайынц, фæлæ иууылдæр хаст сты Сырх чиныгмæ. Адæм æй тонын райдайынц, миты бынæй йæ фыццаг сыфтæ куыддæр сдары, уæдæй фæстæмæ. Фæлæ сæ цæмæн хъæуы? Дидинæг дыууæ бонæй фылдæр стæм хатт фæлæууы. Ноджы ма вæййы афтæ дæр, æмæ йæ æд бынтæ стонынц, æмæ уæд зайæгой куынæг кæны, уымæн æмæ йæ рæстæджы мыггаг нал апырх кæны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Малусæг. Кæрдæг
Категория:
Новости и СМИ