Гутойты Гермæны марæгæн йæ ахсты æмгъуыд фæдаргъдæр кодтой афæдзы æрдæгмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

Гутойты Гермæны марæгæн йæ ахсты æмгъуыд фæдаргъдæр кодтой афæдзы æрдæгмæ. Ахæм хатдзæгмæ æрцыдысты Рахизфарсы районы тæрхондоны кусджытæ. Уым тагъд рæстæджы бæлвырд æркæсдзысты Кудзаты Тимуры хъуыддагмæ. Уый аххосджын кæнынц Гутойты Гермæны мардыл. Уæ зæрдыл ма уын æрлæууын кæндзыстæм, 17 майы, Беслæны, КудзАты Тимур фæхыл 19-аздзыд бынæттон цæрæг Гутойты Гермæнимæ. Сæйраг аххоссаг - Гутойты Гермæн Тимурæн уайдзæф кæй бакодта, æнафоны æнæуаг митæ кæй кодта, уый тыххæй. Афтæмæй йæ КудзАты Тимур барæмыхта кардæй. Уый фæстæ та ма бартхъирæн кодта, йемæ чи уыдис, уымæ дæр. Ацы æвирхъау цауы фæстиуджыты фæстæ Гутойты Гермæн йæ цардæй ахицæн. Йемæ чи уыдис, уый та ма бирæ рæстæг йæхи дзæбæх кодта рынчындоны. Тæрхондоны КудзАты Тимур йæхи дардта сабыр. Зындис ыл, тыхст кæй у, уый. Уымæй уæлдай ма йе *ргом аздæхта къамисæнтæй дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Гутойты Гермæны марæгæн йæ ахсты æмгъуыд фæдаргъдæр кодтой афæдзы æрдæгмæ

Категория:

Новости и СМИ