Рох не сты
Абон ма, куыд æгас Уæрæсейы, афтæ Ирыстоны дæр мысынц политикон хастыты амæттæтæгты. Дзæуджыхъæуы цыртдзæвæн «Камень слез»-ы цур сарæзтой номарæн акци. Мадзалмæ æрбацыдысты республикæйы хицауады минæвæрттæ, дины кусджытæ, ахуырдзаутæ æмæ студенттæ. Ивгъуыд æнусы 20-æй 50-æм азты Советон Цæдисы репресситы аххосæй хъыгдард баййæфтой 25 мин адæмаджы. Уыдонæй фехстой 1620-йы. Абон дæр сæ нæмттæ рох не`сты. Ассоциаци «Номаран» ахсджиаг куыст аразы репресситæм чи бахауд, уыцы адæмимæ. Абоны бонмæ документтæм гæсгæ "адæмы знаджы" ном хæссынц 3500 адæймаджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Рох не сты
Категория:
Новости и СМИ