Хъыгдæрд æнæниздзинадимæ сывæллæтты ныййарджытæн ныр сæ бон у фидгæ кæмæн кæнынц, ахæм уæлæмхасæн
Хъыгдæрд æнæниздзинадимæ сывæллæтты ныййарджытæн ныр сæ бон у фидгæ кæмæн кæнынц, ахæм уæлæмхасæн
Хъыгдæрд æнæниздзинадимæ сывæллæтты ныййарджытæн ныр сæ бон у фидгæ кæмæн кæнынц, ахæм уæлæмхасæн æнæкусгæ бонтæ æмбырд кæнын. 24 боны онг сæ сæ бон у баиу кæнын æмæ сæ аз иу хатт спайда кæнын. Ахæм уынаффæ рахаста Уæрæсейы хицауады сæрдар Михаил Мишустин. Ног фæтк кусын райдайдзæн 1-æм сентябрæй. Афтæмæй, ныййарджытæн сæ бон уыдзæн равзарын, æрвылмæй сæ фæнды фæлладуадзæн уæлæмхасæн бонтæ исын æви сæ уый фæстæ æмбырдæй иу хатт райсдзысты, уый. Кусæг хъуамæ рагагъоммæ аныхас кæна йæ хицауимæ уыцы хъуыддагыл, стæй та курдиат бадæтта кадрты хайадмæ. Ныртæккæ йе 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, ахæм сывæллонмæ фæкæсыны тыххæй ныййарæгæн дæттынц 4 уæлæмхасæн æнæкусгæ боны мæймæ. Уыимæ сын уыцы бонтæн мызд дæттынц. Сæ бон баулæфæн у уыцы бонты фæд-фæдыл, кæнæ та сæ мæйы дæргъыл адих кæнын. Фæлæ сæ куы нæ спайда кæна кусæг, уæд ын иннæ мæймæ æргъæвд нæ цæуынц.