Дзæуджыхъæуы мысынц, 25 азы размæ Центрон базары теракты чи фæмард, уыдоны нæмттæ
Цæгат Ирыстоны мысынц, 25 азы размæ Центрон базары теракты чи фæмард, уыдоны нæмттæ. 19-æм мартъийы боны 12 сахатмæ хæстæг срæмыгъта хиконд рæмудзæн æрмæг. Террористтæ йæ бавæрдтой халсартимæ голладжы. Рæмудзæны тых, тротиллæй баргæйæ, уыдис фондз килограммы. Уæд тыхджын срæмыгъды аххосæй фæмард 52 адæймаджы, 168 адæймаджы та фесты цæфтæ. Абон теракты бынаты уыд мысæн мадзал. Горæты администрацийы минæвæрттæ Намысы мемориалы «Беслæны амæттæгты» цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ.