Ногиры цæрджытæ хъаст кæнынц, дон сæм кæй нæ кæлы, уымæй
Ногиры цæрджытæ хъаст кæнынц, дон сæм кæй нæ нæй, уый фæдыл. Кæд ма ныр иуæй-иу хатт ракæлы, уæд сæрдыгон та кърантæй иу æртах дæр нæ рантысдзæн. Бынæттон цæрджытæ тыхсынц. Ацы аз хъæуы дондзæуæн системæ дæр сног кодтой, фæлæ йæм ӕппӕт хæтæлтæ нæ бауагьтой. Ногиры цæрджытимæ фембæлд ме 'мкусæг Дзæдзойты Фатимæ. Дон æртæхгай рацæуы кæнæ та æппындæр нæ вæййы. Туаты Заремæ хæдзары мигæнæнтæ донæй дзаг кæны. Хæринаг кæнын, къустæ ӕхсын кæнæ хæдзар рафснайын — æнæ донæй æрвылбоны куыстытæ, фæлварæнау, зын сты. Уæдæ дзы цæхæрадоны зайæгойтæ бафсадын, стæй фосæн дон бадарынæн йæ кой дæр нæй. Ногиры цæрджыты доны фарста тыхсын кæны суанг 70-æм азтæй нырмæ. Тотраты Хазбийы номыл уынджы алы хæдзары дæр æвæрд ис донцъирæн. Къранты дон æрмæст йӕ фæрцы фæзыны. Фæлæ ахæм гарзæй пайда кæныны тыххæй чысыл нæ хъæуы фидын. Æрвылмæй 2 мины бæрц. Уымæ гæсгæ, алы æртах дæр у нымад. Хъалæгаты Людмилæ дæр алы райсом йæ кърант байгом кæны, фæлæ дзы æнæ донцъирæнæй æртӕх дæр нæ цæуы. Ногиры ацы аз хæтæлтæ дæр раивтой, фæлæ уæддæр дон ӕлы сыхы дæр нæй. Хъæуы администрацийы нын куыд загътой, афтæмæй хæтæлтæ ивд æрцыдысты æрмæст 4 уынджы. Иннæтæ проектмæ хаст не 'рцыдысты. Ногиры доны фарста лыггонд нæма у. Цæрджыты та раздӕрау хъæудзæн доны æвæрæнтæ кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv