Лагерь «Патриот-2019»-ы архайджыты æдасдзинады тыххæй
16 августы Куырттаты комы байгом уыдзæн лагерь «Патриот-2019», зæгъгæ. Архайдзысты дзы йæ царды уавæртæ æнцон кæмæн не`сты, ахæм сывæллæттæ. Лагерь арæзт уыдзæн æртыккаг хатт, Мидхъуыддæгты министр Михаил Скоковы хъæппæрисæй æмæ нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы æххуысæй. Ацы аз дзы бацархайдзысты 160 сывæллоны. Абон сын сæ æдасдзинадæн цы мадзæлттæ арæзт цæудзæн, уыдоныл æрныхас кодтой бæрнон кусджытæ. Æмбырд уыдис Мидхъуддæгты министрады. Пъæлицæйы куысджытæй уæлдай ма дзы архайдтой 58-æм æфсады минæвæрттæ. Æмбырды куыд фæнысан кодтой, афтæмæй, «Патриот-2019» уыдзæн лагерь Металлурджы. Сывæллæтты адих кæндзысты цалдæр къордыл. Къодрты хистæртæ та уыдзысты æфсæдтонтæ. Æххуыс сын кæндзысты пъæлицæйы кусджытæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты минæвæрттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Лагерь «Патриот-2019»-ы архайджыты æдасдзинады тыххæй
Категория:
Новости и СМИ