Æркастысты куыстмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

6 фæндаггон фыдбылызы æрцыд ивгъуыд суткæйы. Фæмард дзы 3 адæймаджы. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков координацион фембæлды нæ республикæйы сæргълæууæгимæ. Министры ныхæстæм гæсгæ, фæндаггон фыдбылызты уавæр у ныртæккæ ахсджиагдæр фарстатæй иу. Фаронимæ абаргæйæ ацы азы фыццаг квартАлмæ дзы адæмæй хъыгдард баййæфтой 42%-æй фылдæр. Афтæ арæхдæр рауайы, шофыртæ, цас æмбæлы, уымæй тагъддæр куы фæцæуынц, уæд. Фæндаггон уагхæлдтытæ фыссæг хæсгæ камерæтæ æвæрæн кæй нæй, уымæй шофыртæ апайда кæнынц. Битарты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныртæккæ ныхас цæуы Ростехнадзоримæ. Видеофыссæн системæтæ сæвæрдзысты æмгуыппæй. Адæм бирæ кæм вæййы, ахæм рæтты фæзындзæн 300 камерæйы. Æмбырды ма æрдзырдтой, нациты æхсæн цы хъылкъахæг сайттæ ис интернеты, уыдоны тыххæй. Нæ республикæйы Роскомнадзоры управленийы разамонæджы хæдивæг Нартыхъты Алыксандры ныхæстæм гæсгæ, æрмæст ацы азы фыццаг квартАлмæ рабæрæг кодтой 350 ахæм сыфы. Хъæуы сæ сæхгæнын. Фæлæ уымæй ничи уыйас тæрсы. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ æнæзакъон æрмæджытæ равæрыны тыххæй бафхæрыны мадзæлттæ фаг карз не сты. Зæгъæм, фæстаг æртæ азы 26 адæймагæн йедтæмæ тæрхон не скодтой, фæлæ сæ ахæстоны ничи сбадтис. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, уыцы адæмæн сæ бон у ногæй ахæм закъонхалæн митыл фæцалх уæвын. Республикæйы сæргълæууæг бабар кодта, йæ цæст сæм чи дара, ахæм къамис саразын. Фембæлды архайджытæ ма æрдзырдтой зæххытæн аргъ дæттыны фарстайыл. Вæййы афтæ, æмæ хæдбар аргъдæттæг зæххæн йæ кадастрон аргъ 10 хатты къаддæр фæкæны. Ахæм цауты фæстæ, кæрæдзийы фарсмæ цы зæххы хæйттæ ис, уыдоны хицæуттæ фæфидынц алыхуызон фиддонтæ æмæ хъаст фæкæнынц. Уый аххосæй республикæйы бюджет дæр хъыгдард æййафы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æркастысты куыстмæ

Категория:

Новости и СМИ