Капиталон рацарæзты программæмæ ивддзинæдтæ хæсдзысты хæдзары лæггæдтæн фиддонты бæрц хынцгæйæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады æфтиæгты тыххæй бæлвырддæр æрдзурæм. Ныр, капиталон рацарæзты программæмæ ивддзинæдтæ хæсдзысты хæдзары лæггæдтæн фиддонты бæрц хынцгæйæ. Алы аз дæр бирæфатерон хæдзæртты капиталон рацарæзты программæйæн кæнынц корректировкæ. Арæзт у цалдæр къæпхæнæй. Йæ иу - цыбыр рæстæгмæ æххæстгонд кæцы хъуамæ рæцæуа, ахæм. Бахæссыц æм 3 азмæ цы хæдзæрттæ хъуамæ цалцæггонд æрцæуой, уыдон. Ныртæккæ уымæ хауы 2020-æм- 2022-æм азты программæ. Рæдыдтытæ раст кæныны фæдыл сарæзтой сæрмагонд æмбырд Цæрæнуæтты Коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады. Архайдтой дзы районты бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ. Профилон министры хæдивæг Кучиты Зауырбег куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй программæмæ ивдзинæдтæ хæсгæйæ, хъæуы кæсын дыууæ хъуыддагмæ: хæдзары техникон уавæрмæ æмæ цæрджыты фиддонты бæрцмæ. Фылдæр æргом аздахдзысты, хуыздæр сæ кæм фидынц, уыцы хæдзары рацарæзтмæ. Цæгат Ирыстоны капиатлон рацарæзты фонды разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Ногайты Алан куыд загъта, афтæмæй цæрджыты фиддонтæ фæбæрæг вæййынц регионалон операторты куыстыл дæр. Дæнцæгæн æрхастой Мæздæг. Уым хæдзарон фиддонты бæрц 90% онг у. Фарон аз дзы сцалцæг кодтой 20 юирæуæладзыгон хæдзары, ацы аз та фæнд кæнынц ноджы 10-мæ базилын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Капиталон рацарæзты программæмæ ивддзинæдтæ хæсдзысты хæдзары лæггæдтæн фиддонты бæрц хынцгæйæ

Категория:

Новости и СМИ