Майдантæ бирæ!
Цæгат Ирыстоны дзюдоисттæ райстой фыццаг бынат Динамойы æхсæнады ерысты. Арæзт æрцыдысты æрыгон чызджытæ æмæ лæппуты æхсæн Новороссийскы. архайдтой дзы 400 спортсмены нæ бæстæйы 20 регионæй. Ирæттæ дзы рамбылдтой 5 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ 3 бронзæ майданы. Ацы турниры хатдзæгтæм гæсгæ равзæрстой, Дзюдойæ Уæрæсейы ерысты чи архайдзæн, уыцы спортсменты. Арæзт æрцæудзысты Тюмены ноябры. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Майдантæ бирæ!
Категория:
Новости и СМИ