Куыст цæуы
Бындурон цалцæгæн фиддонтæм адæммæ иухуызон цæстæнгас нæй. Уый уымæн, æмæ разамынддæттæг компанитыл нал æууæндынц. Бирæ азты хастой техникон цæстдардæн æмæ хæдзæрттæм базилынæн фиддонтæ. Фæлæ-иу арæхдæр сæ хæдзармæ банывыл кæнынæн цæрджытæ æхца сæхæдæг æмбырд кодтой. Уæвгæ ис æндæр дæнцæгтæ дæр. Бирæуæладзыгон хæдзæртты цалцæджы программæйы руаджы къухы бафтыд дæсгай хæдзæрттæ сцалцæг кæнын. Сæ иу Леваневскийы уынджы. Бабæрæг æй кодта не сфæлдыстадон къорд. 30 азмæ Леваневскийы уынджы бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ сахуыр сты сæхæдæг хæдзары сæр ивын, цы дзы асæтты, кæнæ ныппырх вæййы, уыдон æмпъузын. Раздæр-иу, цæмæй сæ цартæ ма тæдзой, уый тыххæй цæрджыты хъуыд æхца æмбырд кæнын æмæ арæзтадон æрмæг балхæнын, кусджыты баххуырсын. Ныр сæ ууыл тыхсын нал хъæуы. Сохъуырты Альберт - РЦИ-Аланийы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр: «Бирæфатерон хæдзæрттæм зилынц бындурон цалцæджы программæмæ гæсгæ. Уыдон сты нæ республикæйы цæрджыты фиддонтæ. Сæ бæрцмæ гæсгæ фатерты хицæуттæ квадратон метрæн 5 сомы фидынц. Республикон бюджетæй дæр сын æхца радтынц æмæ уый рауаджы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ цалцæггонд цæуынц. Æндæр ныхæстæй - æртæ хуызы куыстытæ: хæдзары сæртæ баивын, инженерон куыстытæ æмæ хæдзары æддаг бакастыл бакусын." Цæмæй хæдзар бындурон цалцæджы программæмæ бахауа, уый тыххæй сæ бæрæг кæнынц æртæ домæнмæ гæсгæ: эксплуатацимæ йæ кæд радтой æмæ дзы адæм цал азы цæрынц; йæ техникон уавæр куыд у æмæ фæстаг хатт бындуронæй цалцæггонд кæд æрцыд, уый. Къамисы уæнгтæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй бирæ хæдзæрттæн ивинаг сты сæ сæртæ. Фæткмæ гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг 2523 хæдзарæн сæ сæртæ баивдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Куыст цæуы
Категория:
Новости и СМИ