Ног цард
Æрыдоны дины семинарийы бæстыхай 2005-æм азæй нырмæ заууатмæ æрцыд. Йе сцалцæг кæнынæн бирæ æхцайы фæрæзтæ хъæуы. Фæнд æй кæнынц ацы аз рацаразын. Уый тыххæй абон фехъусын кодтой Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг Алчыр Леонид, стæй парламенты депутат Моурауты Алан сæ фембæлды рæстæг. Бæлвырддæрæй уын хабæрттæ радзурдзæн нæ уацхæссæг. Адæймаджы уырнгæ дæр нæ кæны, кæддæр ацы дины семинари Кавказы ахуыргæнæндæтты `хсæн кадджындæрыл нымад уыд, уый. Бирæ зындгонд адæмтæ уыд йæ рауагъдонты `хсæн. Йæ заманты ам ахуыр кодтой Малиты Георгий, Дзанайты Иван. Ныртæккæ бæстыхай заууатмæ æрцыд. Алыксандры номыл ирон дины училище - афтæ хуындис раздæр дины семинари. Ахуыргæнæндон 1887 азы скуыста. 8 азы фæстæ йæ хонын райдыдтой миссионерон дины семинари. Æнусмæ ацы къултæ бирæ баййæфтой. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ма йыл немыцаг салдæттæ æндзаргæ дæр бакодтой. Фæлæ йæ 1943 азы фæстæмæ сцалцæг кодтой. Уымæй 14 азы куы рацыд, уæд æй сæрмагондæй рацарæзтой. 20-æм æнусы дыккаг хайы семинарæй сарæзтой интернат. 2006-æм азы та йын йæ бæстыхай радтой епархийæн. Ивгъуыд азы рахастой уынаффæ бæстыхай рацаразын. Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжы студенттæ сразы сты ацы хъуыддаджы фæкæсыныл. Уыдон кæндзысты цалцæггæнæн куыстытæ. Семинарийы фæнд кæнынц æрмадзтæ саразын. Уым ахуыр кæндзысты амайыныл, къæйдуртæ æвæрыныл, суанг ма æрдынджытæ аразыныл дæр. Алан Моураов, Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжы сæргълæууæг: «Уæрæсейы ахæм куыстытæ кæнæг специалисттæ кадавар сты. Фæлæ мах баныхас кодтам, цæмæй нæм сæ хуыздæртæ Мæскуыйæ ссæуой. Хъуамæ нæ ахæм æрдынджытæ аразыныл сахуыр кæной, афтæмæй студенттæ дæр уыцы дæсныйадыл фæцалх уыдзысты. Ныртæккæ суанг хи хæдзар дæр ахæм хуызы саив кæнын тынг кадджын у». Йе сцалцæг кæнынæн бирæ `хцайы фæрæзтæ хъæуы. Радих сæ кæндзæн Алайнаг епархи. Уалдзæджы райдайдзысты æппæт хъæугæ куыстытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ног цард
Категория:
Новости и СМИ