"Дзæуджыхъæу-Беслæн" æмæ "Дзæуджыхъæу-Алагир" маршрутты кæройнаг æрлæууæнты сæвæрдтой видеоцæстдарды

"Дзæуджыхъæу-Беслæн" æмæ "Дзæуджыхъæу-Алагир" маршрутты кæройнаг æрлæууæнты сæвæрдтой видеоцæстдарды камерæтæ. Æмбæлгæ информаци æвæстиатæй исдзысты Уавæр бæрæггæнæн центры. Сергей Меняйло йæ телеграм-каналы куыд фæнысан кодта, афтæмæй специалисттæ цыфæнды афон дæр уындзысты æмæ аргъ кæндзысты транспорты куыстæн. Æвæстиатæй иуварс кæндзысты æхсæнадон транспортимæ фарстатæ. Сæргълæууæг ма бабар кодта, автобустæн сæрмагонд бынæттæ бацæттæ кæнын. Куыд загъта, афтæмæй бæлцæттæ ласыны хъуыдаджы транспортæй уæлдай ахсджиаг у инфраструктурæ дæр. Æппæт фарстатыл дæр хъæуы бакусын, автовокзалты куысты фæткмæ ивддзинæдтæ бахæссын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
23 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии