Хорз, æмæ Турчы нæ балæууыдысты
Ам та Анкарайы фыццаг хатт байгом ис Турчы цæрæг ирон нывгæнджыты равдыст. Культурон цауæн ахадгæ нысаниуæг ис. Уый фæсарæйнаг бæстæйы цæрджыты базонгæ кæндзæн ирон культурæимæ. Куы байгом, уæдæй нырмæ йæ бирæтæ бабæрæг кодтой. Экспозицимæ цæуынц куыд ирæттæ, афтæ туркæгтæ, æмæ ма раст фæсарæйнаг туристтæ дæр. Иудзырдæй, аивад йæ зæрдæмæ хæстæг чи айста, уыдон. Равдыстмæ `рбацыд Анкарайы мэр Енимахалле Фехти Яшар. Уый раарфæ кодта нывгæнджытæн æмæ сын йæ зæрдæ загъта сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ. Ахæм равдыст байгом кæнын туркаг ирæтты рагæй фæндыдис. Аланты æппæтдунеон цæдисы сæрдар Мамсыраты Ирмæйы ныхæстæм гæсгæ, уыцы хъуыддагыл не `мбæстæгтæ тынг бацин кодтой. Стыр бæрæгбонау сæм фæкаст. Экспозицийы ис æхсай нывæй фылдæр. Сæ автортæ сты фынддæс. Сæ фылдæр сты æрыгон æмæ курдиатджын нывгæнджытæ. Сæ куыстытæ скодтой алы жанрты. Фенæн дзы ис портреттæ, æрдзы æмæ абстрактон нывтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хорз, æмæ Турчы нæ балæууыдысты
Категория:
Новости и СМИ