Афæдзы райдиан фиддонты хæссыны уавæр сæ хæрзтæй нæ вæййы
Афæдзы райдиан фиддонты хæссыны уавæр сæ хæрзтæй нæ вæййы. Уый тыххæй фехъусын кодта «Цæгаткавказэнерго»-йы директоры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Андрей Ерешкин. Æмбырды архайдта республикæйы сæргълæууæг дæр бынæттон хиуынаффæйады разамонджытимæ. Андрей Ерешкины ныхæстæм гæсгæ, республикæйы министрадтæй 87,4% бафыстой, цы электрон тых бахардз кодтой. уымæн. Хæсджынты бынаты ма сты æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ культурæйы министрадтæ. Æртæ мæймæ сæ иу бафыста хæстæн се 83%, иннæ та - 72%. Хъуыддаг сраст кæнын Битарты Вячеслав бабар кодта бæрнон кусджытæн. Районтæ куы райсæм, уæд æппæты фылдæр хæсджын у Дыгуры район. Хæстæй бафыстой æрмæст сæ 58%. Мæздæджы районы фиддонтæ бахастой 66%. Хæстæ чи нæ дары, уый та у Кировы район. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Афæдзы райдиан фиддонты хæссыны уавæр сæ хæрзтæй нæ вæййы
Категория:
Новости и СМИ