Ирон театры ветерантæн бацæттæ кодтой концерт
Намысы Аллеяйы мадзалы фæстæ, Ирон драмон тетары сарæзтой кадджын æмбырд. Республикæйы сæргълæууæг Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты ветерантæн ракодта арфæйы ныхæстæ. Уазджытæн уым бацæттæ кодтой концертон программæ. Сценæйыл сæ курдиат равдыстой касджыты ансамбль «Алан», камерон хор «Алани», йæ сæргъы Уæрæсейы сгуыхт артист Кокойты Агуындæ. Концерты бацархайдтой нæлгомæгты зарæггæнджыты къорд. Йæ дирижер Дзанайты Ольгæ. Кадджын мадзалæн аргъ скодтой Хæсты Ветерантæ. Гулуты Хизиры ныхсæтмæ гæсгæ ахæм гæнæнты руаджы сырæзт адæмы бастдзинад. Уый руаджы уæлахизы бон ралæууыд. Уымæй уæлдай ма кадджын мадзалмæ æрбацыд 58-æм æфсады ног командыгæнæг Сергей Рыжков. Уый схорзæхджын кодта Суворовы номыл майдантæй дыууæ æфсæддоны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ирон театры ветерантæн бацæттæ кодтой концерт
Категория:
Новости и СМИ