«15 регион» бæрæг кæны 20 азы юбилей
2004-æм аз. Ирыстоны интернет парахат нæма уыд. Бирæтæ та цы у, уый хъусгæ дæр никуы фæкодтой. Цæрджытæ хабæрттæ зыдтой газеттæй, радиомæ æмæ телеуынынадæй. Уыцы рæстæг, проспекты тезгъо кæнгæйæ, æртæ æрыгон хæлармæ фæзынд цымыдисаг хъуыды. Дебют онлайн журналистикæйы рауад æнтыстджын. Республикæйы дзыллон информацион фæрæзтæн райдыдта ног къæпхæн. Æртæ адæймагæй къорд æвиппайды райдыдта парахат кæнын. «15 регион»-ы хуымæтæг уацхæссæгæй кусын чи райдыдта, уыдон абон раззагдæр бынæттæ ахсынц алыхуызон регионалон æмæ федералон дзыллон информацион фæрæзты. Мæхъиты Фатимæ тагъд сбæрæг кæндзæн йæ профессионалон юбилей. 10 азмæ чызг цымыдисаг дæсныйады йæхи ссардта. Абон журналистикæйы тыххæй зоны æппæт лыстæндзинæдтæ. «15 регион»-ы йæхи фæлвæрдта куыд уацхæссæг, афтæ проектты авторæй дæр. Рæстдзинады бындурыл информаци цæттæ кæнын, уыимæ йæ афойнадыл фæхæццæ кæнын цæрджытæм. Портал цæттæ кæны хъусынгæнинæгтæ куыд уырыссаг, афтæ ирон æвзагыл дæр. Уыимæ канд нæ республикæйы нæ. Æртæ азы размæ та ам райдыдтой кусын видеоконтентыл. Кусджыты схонæн ис бирæвæрсыг специалисттæ. Иууылдæр сæ куыст хорз зонынц. «15 регион»-ы информацион æмархайджыты 'хсæн 1 канал, НТВ, Известия, РенТВ, ОТР. Цалдæр сæдæйæ дæсгай мины онг адæймаджы æрвылбон кæсынц портал цы хабæрттæ цæттæ кæны, уыдон. Алыхуызон хæрзиуджытæ, регионалон æмæ æппæтуæрæсеон æркастыты уæлахизтæ. 20 азмæ «15 регион» сси æцæг бренд.