Комæй коммæ. Алагиры район
Уæ изæр хорз, мæ иубæстон адæм! Эфиры программæ “Комæй-коммæ”. Комкоммæ эфиры фæдзурæм Ирыстоны хъæуты æмæ кæмтты уавæрыл. Адæмы цы тыхсын кæны, сæ зæрдæ цæмæй райы, æмæ цавæр хъуыддæгтæм хъæуы уæлдай цæст æрдарын? Абон не ргом сараздзыстæм Мамысонгоммæ. Ирыстоны рагондæр хъæутæ уым сты. Кæд æдзард цæрæн пункттыл нымад сты, уæддæр ма дзы кæцыдæр хæдзæртты арт нæма ахуыссыд. Уый нæ, фæлæ ма комæй чи рацыд, уыдон фæстæмæ хъавынц сæ фыдæлты зæххы раздæрау гутон ауадзын æмæ дзы цард баулæфын. Уæдæ дзы цы уавæртæ æмæ цы гæнæнтæ ис? Ууыл æрныхас кæндзыстæм нæ программæйы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Комæй коммæ. Алагиры район
Категория:
Новости и СМИ